Левит 26:44 Библи – Ног дунейы тӕлмац 44 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, се знӕгты зӕххыл куы цӕрой, уыцы рӕстӕг нӕ ныууадздзынӕн+. Афтӕ ӕнад мын не суыдзысты+, цӕмӕй сӕ фесафон ӕмӕ, семӕ цы бадзырд скодтон, уый фехалон+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау. Дыккаг закъон 30:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+. 2 Паддзӕхты 24:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Гъемӕ Йехонийы+, стӕй паддзахӕн йӕ мады+, йӕ устыты, йӕ фӕсдзӕуинты+ ӕмӕ бӕстӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта+. Псалом 44:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Фыстау нӕ сӕ амӕттаг фӕкодтай+,Адӕмты ’хсӕн нӕ ныппырх кодтай+. Йереми 24:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ацы хорз легъуитӕм хорз цӕстӕй куыд кӕсын, афтӕ хорз цӕстӕй кӕсдзынӕн+, Иудӕйӕ уацары чи ис, уыдонмӕ, ацы бынатӕй халдейты+ зӕхмӕ кӕй арвыстон, уыцы адӕммӕ. Йереми 30:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 «Ӕз демӕ дӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон+. Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыцы адӕмты ныццӕгъддзынӕн+. Фӕлӕ дӕу нӕ фесафдзынӕн+. Куыд хъӕуы, афтӕ дын зонд бацамондзынӕн ӕмӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн»+. Йереми 31:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ, адӕмтӕ, ӕмӕ йын йӕ ныхас дард сакъадӕхтыл хъусын кӕнут+ ӕмӕ дзурут: «Израилы адӕмы алырдӕмты чи ныххӕлиу кодта, уый сӕ фӕстӕмӕ йӕхӕдӕг ӕрӕмбырд кӕндзӕн+ ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн, фыййау йӕ дзуг куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ+.
44 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, се знӕгты зӕххыл куы цӕрой, уыцы рӕстӕг нӕ ныууадздзынӕн+. Афтӕ ӕнад мын не суыдзысты+, цӕмӕй сӕ фесафон ӕмӕ, семӕ цы бадзырд скодтон, уый фехалон+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау.
3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+.
15 Гъемӕ Йехонийы+, стӕй паддзахӕн йӕ мады+, йӕ устыты, йӕ фӕсдзӕуинты+ ӕмӕ бӕстӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта+.
5 «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ацы хорз легъуитӕм хорз цӕстӕй куыд кӕсын, афтӕ хорз цӕстӕй кӕсдзынӕн+, Иудӕйӕ уацары чи ис, уыдонмӕ, ацы бынатӕй халдейты+ зӕхмӕ кӕй арвыстон, уыцы адӕммӕ.
11 «Ӕз демӕ дӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон+. Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыцы адӕмты ныццӕгъддзынӕн+. Фӕлӕ дӕу нӕ фесафдзынӕн+. Куыд хъӕуы, афтӕ дын зонд бацамондзынӕн ӕмӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн»+.
10 Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ, адӕмтӕ, ӕмӕ йын йӕ ныхас дард сакъадӕхтыл хъусын кӕнут+ ӕмӕ дзурут: «Израилы адӕмы алырдӕмты чи ныххӕлиу кодта, уый сӕ фӕстӕмӕ йӕхӕдӕг ӕрӕмбырд кӕндзӕн+ ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн, фыййау йӕ дзуг куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ+.