Псалом 107:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхасы ныхмӕ цыдысты+,Иунӕг Стыр Хуыцауы уынаффӕ ницӕмӕ дардтой+. Исай 1:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Додой сӕ къона тӕригъӕдджын адӕмӕн+, тӕригъӕдты бын чи фӕци, уыцы адӕмӕн, фыдгӕнӕг цотӕн+, фыдбылызы фырттӕн!+ Уыдон Йегъовӕйы ныууагътой+, Израилы сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ дарынц+, сӕ чъылдым ӕм сыздӕхтой+. Исай 30:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Адон сты ӕнӕсӕттон адӕм+, мӕнгард фырттӕ+, нӕ сӕ фӕнды Йегъовӕйы закъонмӕ хъусын+. Йереми 16:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Ӕмӕ сымах та уӕ фыдӕлтӕй дӕр фӕфыддӕр стут+, фыддӕр митӕ кодтат. Алчидӕр уӕ цӕуы йе ’взӕр, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+ ӕмӕ мӕм нӕ хъусы+. Йеремийы хъарӕг 1:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Ӕркӕс мӕм, Йегъовӕ, мӕ бон нал у. Мӕ хуылф судзы+.Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны+, ӕдзух Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуын, уый тыххӕй+.Ӕддейӕ мын хъама байста мӕ хъӕбулты+. Ӕмӕ хӕдзӕртты мидӕг дӕр – мӕлӕт+. Данел 9:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ ӕмӕ хатыргӕнаг+ Хуыцау, мах та дӕ ныхмӕ рацыдыстӕм+.
4 Додой сӕ къона тӕригъӕдджын адӕмӕн+, тӕригъӕдты бын чи фӕци, уыцы адӕмӕн, фыдгӕнӕг цотӕн+, фыдбылызы фырттӕн!+ Уыдон Йегъовӕйы ныууагътой+, Израилы сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ дарынц+, сӕ чъылдым ӕм сыздӕхтой+.
12 Ӕмӕ сымах та уӕ фыдӕлтӕй дӕр фӕфыддӕр стут+, фыддӕр митӕ кодтат. Алчидӕр уӕ цӕуы йе ’взӕр, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+ ӕмӕ мӕм нӕ хъусы+.
20 Ӕркӕс мӕм, Йегъовӕ, мӕ бон нал у. Мӕ хуылф судзы+.Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны+, ӕдзух Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуын, уый тыххӕй+.Ӕддейӕ мын хъама байста мӕ хъӕбулты+. Ӕмӕ хӕдзӕртты мидӕг дӕр – мӕлӕт+.