1 Самуилы 28:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Саул Йегъовӕйы фарста+, фӕлӕ йын Йегъовӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдта+ нӕдӕр фынты+, нӕдӕр уримы*+ фӕрцы, нӕдӕр пехуымпарты+ уылты. Ӕмбисӕндтӕ 15:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Фыдгӕнджыты нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ӕнад сты+, рӕстзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ та йын сты ӕхсызгон+. Ӕмбисӕндтӕ 28:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Йӕхи иннӕрдӕм чи аздахы, цӕмӕй закъонмӕ ма хъуса+, уымӕн йӕ куывдтытӕ дӕр ӕнад сты+. Исай 1:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Уӕ къухтӕ мӕм куы фӕивазут+, уӕд мӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм азилын+. Цасфӕнды мӕм ма куват+ – нӕ уӕм хъусын+. Сымахӕн уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты+. Йезекил 14:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 «Адӕймаджы фырт, ацы адӕм сӕ зӕрдӕты бынат скодтой сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн, ӕмӕ сӕ разы ӕрӕвӕрдтой, чи сӕ рӕдийын кӕны, уыцы цӕлхдур+. Ӕмӕ сын уӕд куыд хъуамӕ раттон дзуапп, куы мӕ фӕрсой, уӕд?+ Михей 3:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уыдон+ фӕхудинаг уыдзысты+, дӕсныфӕрсджытӕ+ фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ рихитӕ ӕмбӕхсдзысты+, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау нӕ хъусдзӕн“»+.
6 Саул Йегъовӕйы фарста+, фӕлӕ йын Йегъовӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдта+ нӕдӕр фынты+, нӕдӕр уримы*+ фӕрцы, нӕдӕр пехуымпарты+ уылты.
15 Уӕ къухтӕ мӕм куы фӕивазут+, уӕд мӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм азилын+. Цасфӕнды мӕм ма куват+ – нӕ уӕм хъусын+. Сымахӕн уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты+.
3 «Адӕймаджы фырт, ацы адӕм сӕ зӕрдӕты бынат скодтой сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн, ӕмӕ сӕ разы ӕрӕвӕрдтой, чи сӕ рӕдийын кӕны, уыцы цӕлхдур+. Ӕмӕ сын уӕд куыд хъуамӕ раттон дзуапп, куы мӕ фӕрсой, уӕд?+
7 Цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уыдон+ фӕхудинаг уыдзысты+, дӕсныфӕрсджытӕ+ фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ рихитӕ ӕмбӕхсдзысты+, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау нӕ хъусдзӕн“»+.