-
Данел 7:19Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
19 Уый фӕстӕ мӕ бафӕндыд фылдӕр базонын цыппӕрӕм сырды тыххӕй, иннӕтӕй чи хицӕн кодта, уыцы сырды тыххӕй – зӕрдӕйы стыр тас кӕй хуыз уагъта, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕрхуы ныхтӕ кӕмӕн уыд ӕмӕ йӕ алыварс ӕппӕт дӕр чи ныхъуырдта ӕмӕ чи пырх кодта, цы ма-иу дзы баззад, уый та-иу йӕ къӕхты бын чи ныссӕста, уый тыххӕй+.
-
-
Данел 7:23Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
23 Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: „Цыппӕрӕм сырд та амоны, зӕххыл кӕй уыдзӕн цыппӕрӕм паддзахад. Ӕмӕ уый иннӕ паддзахӕдтӕй се ’ппӕтӕй дӕр хицӕн кӕндзӕн. Уый ӕнӕхъӕн зӕхх ныхъуырдзӕн, йӕ къӕхты бын ӕй ссӕнддзӕн ӕмӕ йӕ пырх кӕндзӕн+.
-