Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Самуилы 7:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Гъе уый сараздзӕн хӕдзар мӕ номы кадӕн+, ӕмӕ йын ӕз йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм+.

  • Исай 9:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл+, ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн+ ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзысты ӕгӕрон фарнӕй* хайджын+. Йӕ паддзахад уыдзӕн фидар ӕвӕрд+ ӕмӕ лӕудзӕн раст тӕрхон+ ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы+, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр. Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.

  • Йезекил 37:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Уыдон цӕрдзысты, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаковӕн кӕй радтон, уӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, уыцы зӕххыл+. О, цӕрдзысты йыл ӕнустӕм+ – сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ сӕ фыртты фырттӕ дӕр+, мӕ лӕггадгӕнӕг Давид та ӕнустӕм уыдзӕн сӕ сӕргълӕууӕг+.

  • Данел 7:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ+, кад+ ӕмӕ паддзахад+, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной+. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн+.

  • Михей 4:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Къуылых чи цӕуы, уыцы адӕмы се ’ппӕты сафын нӕ бауадздзынӕн+ ӕмӕ, йӕ зӕххӕй хауӕггаг чи фӕци, уыдонӕй скӕндзынӕн тыхджын адӕм+. Ӕмӕ Сионы хохыл Йегъовӕ уыдзӕн сӕ паддзах, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.

  • Раргомад 11:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕвдӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕстӕ: «Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы*+ ӕмӕ йӕ Чырыстийы*+ къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын