Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Самуилы 17:37
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 37 Стӕй Давид йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Домбай ӕмӕ мӕ арсы дзӕмбытӕй чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн ацы филистимаджы къухӕй дӕр»+. Ӕмӕ йын уӕд Саул загъта: «Ацу, ӕмӕ Йегъовӕ демӕ уӕд»+.

  • 2 Самуилы 22:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион+,

      Ӕнаипп адӕймагимӕ уыдзынӕ ӕнаипп+.

  • Псалом 27:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Йегъовӕ у мӕ рухс+ ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад+.

      Кӕмӕй хъуамӕ тӕрсон?+

      Йегъовӕ у мӕ царды фидар мӕсыг+.

      Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?+

  • Ӕмбисӕндтӕ 18:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг+. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы+.

  • Исай 12:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Хуыцау у мӕ ирвӕзынгӕнӕг+. Ӕз ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ Йагъ* Йегъовӕ у мӕ хъару+ ӕмӕ мӕ тых+. Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг»+.

  • Данел 6:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Уый ирвӕзын дӕр кӕны+ ӕмӕ сӕрибар дӕр кӕны, уӕларвыл+ ӕмӕ зӕххыл+ ӕвдисы нысӕнттӕ ӕмӕ аразы диссӕгтӕ. Уый Данелы фервӕзын кодта домбӕйтты дзӕмбытӕй».

  • Михей 7:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Мӕнӕн та мӕ каст уыдзӕн Йегъовӕмӕ+. Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ+. Мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн+.

  • 2 Коринфӕгтӕм 1:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 О, уый нӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ нӕ ныфс ис, дарддӕр дӕр нӕ кӕй ирвӕзын кӕндзӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын