Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 22:32
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 32 Йегъовӕйы зӕд ын загъта: «Дӕ хӕрӕджы ӕртӕ хатты цӕй тыххӕй фӕнадтай? Уый ӕз ӕрлӕууыдтӕн дӕ размӕ, цӕмӕй дӕ ма ауадзон, уымӕн ӕмӕ ды комкоммӕ цӕуыс мӕ фӕндоны ныхмӕ+.

  • Дыккаг закъон 33:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Уый загъта:

      «Йегъовӕ ӕрцыд Синайӕ+,

      Сеирӕй сӕ йӕ рухсӕй ныррухс кодта+.

      Фараны хӕхбӕстӕй хурау ракаст+.

      Йемӕ уыдысты ӕнӕнымӕц рухс зӕдтӕ+,

      Йӕ рахиз фарс уыдысты ӕфсӕддонтӕ+.

  • Псалом 89:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  7 Хуыцауы нымайӕнт, ӕввахс ӕм чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ+.

      Уый у кадджын ӕмӕ, йӕ алыварс чи ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй тынгдӕр ӕфтауы тас+.

  • Данел 4:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Мӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ цӕстылуайӕнты дарддӕр федтон, цыма уӕларвӕй ӕрхызт сыгъдӕг+ хъахъхъӕнӕг+,

  • Данел 8:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Ӕз фехъуыстон, сыгъдӕджытӕй иу+ куыд дзырдта ӕмӕ йын сыгъдӕджытӕй ӕндӕр чидӕр афтӕ куыд загъта: «Алы бон дӕр кӕй хӕссынц, уыцы нывонды тыххӕй+ ӕмӕ, бӕстӕ чи афтид кӕны, уыцы фыдракӕнды тыххӕй цӕстылуайӕны+ цы уыд, уый цас ахӕсдзӕн? Цас ахӕсдзӕн, сыгъдӕг бынат ӕмӕ уӕларвон ӕфсад къӕхты бын кӕй ссӕндынц, уый?»+

  • Матфейы 18:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Уӕхимӕ кӕсут, ацы гыццылтӕй иуыл дӕр былысчъил куыд нӕ кӕнат, уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: уыдонӕн уӕлӕрвты сӕ зӕдтӕ+ ӕппынӕдзухдӕр уынынц мӕ уӕларвон Фыды цӕсгом+.

  • Хъуыддӕгтӕ 10:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕмӕ иухатт боны фарӕстӕм сахатыл*+ цӕстылуайӕны+ федта Хуыцауы зӕды+. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йӕм сдзырдта: «Корнилий!»

  • Хъуыддӕгтӕ 12:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Уӕд ӕй ӕвиппайды Йегъовӕйы зӕд ӕрцавта+, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи бакодта+, ӕмӕ фӕрынчын ӕмӕ йӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахордтой, ӕмӕ амард.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын