-
Есфир 3:12Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
12 Фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон паддзахы писырты+ ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ уыдон ныффыстой+, паддзахы сатраптӕн* ӕмӕ, дӕлбар бӕстӕты сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыцы хицӕуттӕн+, стӕй дӕлбар бӕстӕты цы алыхуызон адӕмтӕ цард, уыдоны кънйӕзтӕн Аман цы зӕгъинаг уыд, уый – алы адӕмӕн дӕр сӕхи ӕвзагыл ӕмӕ сӕхи дамгъӕтӕй фыстӕй+. Фыстӕджытӕ фыст уыдысты Ахашверошы номӕй+ ӕмӕ сыл ӕвӕрд уыд паддзахы къухдарӕны мыхуыр+.
-
-
Есфир 8:9Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
9 Гъемӕ ӕртыккаг мӕйы, ома сиваны мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы писырты ӕрӕмбырд кодтой+, ӕмӕ уыдон ныффыстой, Мардохей дзуттӕгтӕн, сатраптӕн+, хицӕуттӕн ӕмӕ, Индийӕ суанг Ефиопийы онг паддзахы дӕлбар цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы уыд+, уыдоны кънйӕзтӕн цы зӕгъинаг уыд, уый. Алы бӕстӕмӕ дӕр ныффыстой йӕхи дамгъӕтӕй+ ӕмӕ алы адӕммӕ дӕр – сӕхи ӕвзагыл+. Дзуттӕгтӕм дӕр сӕ ныффыстой сӕхи дамгъӕтӕй ӕмӕ сӕхи ӕвзагыл+.
-