Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 12:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕнат бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл. Бӕрӕг ӕй кӕнут – уый уын у закъон ӕнустӕм.

  • Рацыд 12:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм боны изӕрӕй дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хӕрут донгонд дзултӕ+.

  • Левит 23:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон та бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл+. Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ+.

  • Дыккаг закъон 16:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Дӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ де стуртӕй+ ӕрхӕсс Куадзӕны нывонд дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+, Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты+.

  • Матфейы 26:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Донгонд дзулты+ бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕм дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»+

  • Марчы 14:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Донгонд+ дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон, Куадзӕны нывонд-иу куы ӕргӕвстой, уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд, Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ+ бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕдӕм ацӕуӕм ӕмӕ дын кӕм ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын