Ӕмбисӕндтӕ 18:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Адӕймаджы зӕрдӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт+, сӕрныллӕгдзинад та цӕуы кады разӕй+. Матфейы 18:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Уӕдӕ йӕхи ацы гыццыл сабийау чи ӕрныллӕг кӕна+, уӕларвон паддзахады уӕлдӕрыл нымад уый уыдзӕн+. Матфейы 23:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн+, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн+.