Рацыд 20:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув+, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион*+. Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй ӕз бафхӕрын сӕ фыртты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг+. Йереми 51:56 Библи – Ног дунейы тӕлмац 56 Вавилонмӕ ӕрбацӕудзӕн стигъӕг+, ӕмӕ йын йӕ тыхджын лӕгты уацары акӕндзысты+. Се ’рдынтӕ сын ныссӕтдзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у мастисӕг Хуыцау+. Ӕмӕ йын цы хъӕуы, уый бакӕндзӕн+.
5 Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув+, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион*+. Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй ӕз бафхӕрын сӕ фыртты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг+.
56 Вавилонмӕ ӕрбацӕудзӕн стигъӕг+, ӕмӕ йын йӕ тыхджын лӕгты уацары акӕндзысты+. Се ’рдынтӕ сын ныссӕтдзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у мастисӕг Хуыцау+. Ӕмӕ йын цы хъӕуы, уый бакӕндзӕн+.