Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Уӕ горӕттӕ уын хъамайы амӕттаг фӕкӕндзынӕн+, уӕ кувӕндӕттӕ уын ныппырх кӕндзынӕн+ ӕмӕ мын уӕ нывӕндты тӕф ӕхсызгон нӕ уыдзӕн+.

  • 1 Паддзӕхты 9:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 уӕд ӕз Израилы адӕмы фесафдзынӕн, кӕй сын радтон, уыцы зӕххӕй+ ӕмӕ мӕ къух сисдзынӕн, мӕ номы тыххӕй кӕй ссыгъдӕг кодтон, уыцы хӕдзарыл+, ӕмӕ Израил ӕппӕт адӕмтӕн суыдзӕн ӕмбисондӕн дзуринаг+ ӕмӕ фидиссаг.

  • Псалом 69:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Сӕ цӕрӕнбынат сафтид уӕд+.

      Цӕрӕг мауал баззайӕд сӕ цатырты+,

  • Исай 1:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн сси+, уӕ горӕттӕ уын басыгътой+. Уӕ цӕстыты раз уын ӕцӕгӕлӕттӕ+ уӕ зӕххы тыллӕг хӕрынц+. Зӕхх сафтид, раст ӕй цыма ӕцӕгӕлӕттӕ фӕхастой, уыйау+.

  • Йереми 12:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 «Ӕз мӕ хӕдзарӕй ацыдтӕн+, мӕ бынтӕ ныууагътон+. Мӕ удӕн зынаргъ чи уыд, уый радтон йе знӕгты къухмӕ+.

  • Йереми 22:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 „Фӕлӕ ацы ныхӕстӕм куы нӕ хъусат, уӕд, сомы кӕнын мӕхицӕй+, ацы хӕдзар фестдзӕн ӕдзӕрӕг бынат“+,– зӕгъы Йегъовӕ.

  • Михей 3:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Гъемӕ сымах тыххӕй Сион бахуым кӕндзысты, быдыр куыд бахуым кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн+, Хуыцауы хӕдзар цы хохыл ис, уый та схъӕд уыдзӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын