Хъуыддӕгтӕ 9:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, уый у ме ’взӕрст лӕг*+ – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн+, стӕй паддзӕхтӕн+ ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр. Хъуыддӕгтӕ 13:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Иуафон, Йегъовӕйӕн куы лӕггад кодтой+ ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Хуыцауы сыгъдӕг тых загъта: «Варнавӕ ӕмӕ мын Савлы+ раттут. Ӕз сӕ иу хъуыддагӕн равзӕрстон». Ромӕгтӕм 1:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 ӕмӕ ӕз уый фӕрцы схайджын дӕн Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+ ӕмӕ сдӕн апостол+, цӕмӕй йыл ӕппӕт адӕмтӕ+ дӕр баууӕндой ӕмӕ йын коммӕгӕс уой, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном кадджын кӕной. Ромӕгтӕм 11:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Ныр та сымахмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдонмӕ, у мӕ ныхас. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр иннӕ адӕмтӕм+ ӕрвыст апостол+ дӕн, ӕмӕ стыр аргъ кӕнын+, мӕ бар цы куыст ис, уымӕн+. Галатӕгтӕм 2:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Уый нӕ, фӕлӕ йӕ бамбӕрстой, сунӕтгонд чи нӕу, уыдонӕн+ хорз хабар хъусын кӕнын Хуыцау мӕ бар кӕй бакодта+, сунӕтгонд чи у, уыдонӕн+ хъусын кӕнын Петры бар куыд бакодта, афтӕ,– 1 Тимофеймӕ 2:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Ӕз дӕр уый тыххӕй фехъусын кӕнынӕн+ ӕрцыдтӕн ӕвӕрд иннӕ адӕмтӕн хъусынгӕнӕгӕй+ ӕмӕ апостолӕй+ – ахуыргӕнӕгӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнон уырнындзинад+ ӕмӕ рӕстдзинады* тыххӕй базонынӕн,– раст цы у, уый зӕгъын+, нӕ сайын.
15 Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, уый у ме ’взӕрст лӕг*+ – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн+, стӕй паддзӕхтӕн+ ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр.
2 Иуафон, Йегъовӕйӕн куы лӕггад кодтой+ ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Хуыцауы сыгъдӕг тых загъта: «Варнавӕ ӕмӕ мын Савлы+ раттут. Ӕз сӕ иу хъуыддагӕн равзӕрстон».
5 ӕмӕ ӕз уый фӕрцы схайджын дӕн Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+ ӕмӕ сдӕн апостол+, цӕмӕй йыл ӕппӕт адӕмтӕ+ дӕр баууӕндой ӕмӕ йын коммӕгӕс уой, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном кадджын кӕной.
13 Ныр та сымахмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдонмӕ, у мӕ ныхас. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр иннӕ адӕмтӕм+ ӕрвыст апостол+ дӕн, ӕмӕ стыр аргъ кӕнын+, мӕ бар цы куыст ис, уымӕн+.
7 Уый нӕ, фӕлӕ йӕ бамбӕрстой, сунӕтгонд чи нӕу, уыдонӕн+ хорз хабар хъусын кӕнын Хуыцау мӕ бар кӕй бакодта+, сунӕтгонд чи у, уыдонӕн+ хъусын кӕнын Петры бар куыд бакодта, афтӕ,–
7 Ӕз дӕр уый тыххӕй фехъусын кӕнынӕн+ ӕрцыдтӕн ӕвӕрд иннӕ адӕмтӕн хъусынгӕнӕгӕй+ ӕмӕ апостолӕй+ – ахуыргӕнӕгӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнон уырнындзинад+ ӕмӕ рӕстдзинады* тыххӕй базонынӕн,– раст цы у, уый зӕгъын+, нӕ сайын.