Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 9:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Мӕнӕ нын райгуырди сывӕллон+, лӕвӕрд нын у лӕппу+. Уымӕн йе уӕхсчытыл ӕрӕнцайдзысты кънйазы бартӕ+. Ӕмӕ йӕ хондзысты Диссаджы уынаффӕгӕнӕг+, Хъомысджын хуыцау*+, Ӕнусон фыд+, Фарны кънйаз+.

  • Исай 11:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Уыцы бон+ Йессейы+ уидаг адӕмыхӕттытӕн лӕудзӕн амонӕн цӕджындзау+. Адӕмтӕ дзы разамынд агурдзысты+, ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат скадджын уыдзӕн+.

  • Исай 52:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 афтӕ уый бирӕ адӕмты тас бауадздзӕн+. Паддзӕхтӕ йӕ разы ныхъхъус уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ фендзысты, цӕй тыххӕй сын нӕ дзырдтой, уый ӕмӕ се ’ргом аздахдзысты, цӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, уымӕ+.

  • Йереми 23:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 «Ӕрхӕццӕ кӕнынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз Давидӕн ратдзынӕн рӕстаг бындар*+. Уый уыдзӕн паддзах+ ӕмӕ ацы зӕххыл архайдзӕн ӕмбаргӕйӕ, архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ+.

  • Михей 5:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ды дӕр, Вифлеем Ефрафӕ+, ӕгӕр гыццыл дӕ, цӕмӕй Иудӕйы минты ’хсӕн уай+. Дӕуӕй+ рацӕудзӕн, Израилы мӕ номӕй чи архайдзӕн, уыцы хицау+ – раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый+.

  • Захари 13:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 «О хъама, сыст мӕ фыййауы ныхмӕ+, ме ’мбалы ныхмӕ+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– Фыййауы ӕрцӕв+, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидза+, ӕмӕ ӕз мӕ хорзӕхӕй бахай кӕндзынӕн, иннӕты цӕсты ницӕйаг чи у, уыдонӕн»+.

  • Малахи 3:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 «Ӕз фервитын мӕ фидиуӕджы+, ӕмӕ мын мӕ размӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзӕн+. Ӕмӕ ӕцӕг Хицау+, кӕй агурут, уый, йӕ кувӕндонмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн+, ӕрцӕудзӕн бадзырды+ минӕвар дӕр+, ӕхсызгонӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут+, уый. О, ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.

  • Лукайы 24:44
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 44 Уый фӕстӕ сын загъта: «Хъуыды ма йӕ кӕнут, уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын куыд дзырдтон+, Моисейы закъоны, Пехуымпарты+ чингуыты ӕмӕ Псаломты+ мӕн тыххӕй цы фыст ис, уыдон иууылдӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой?»

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын