15 Фӕлӕ тӕригъӕды хабар куыд у, лӕвары хабар афтӕ нӕу. Кӕд иу адӕймаджы тӕригъӕды тыххӕй бирӕтӕ амардысты, уӕд Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ лӕварӕй та бирӕтӕ ноджы тынгдӕр схайджын сты. Уыцы лӕвар уый радта, иу адӕймаджы+, Йесо Чырыстийы, фӕрцы адӕмӕн цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уыимӕ иумӕ+.