-
Дыккаг закъон 4:2Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
2 Цы ныхӕстӕ уын фӕдзӕхсын, уыдонмӕ мацы бафтаут ӕмӕ дзы мацы аппарут+. Фидар хӕцут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл, ӕз уын кӕй дзурын, уыдоныл.
-
-
Иоанны 20:30Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
30 Уӕвгӕ, Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгты раз ноджыдӕр бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, ӕмӕ уыдон ацы чиныджы фыст не сты+.
-
-
2 Коринфӕгтӕм 11:4Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
4 Исчи уӕм куы ’рцӕуы ӕмӕ уын мах кӕй тыххӕй хъусын кодтам+, уыцы Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр Йесойы тыххӕй куы фӕхъусын кӕны, кӕнӕ уӕ, нырмӕ цы зондыл цыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр зондыл куы фӕаразы+, кӕнӕ уӕм, цы хорз хабарыл+ баууӕндыдыстут, уый нӕ, фӕлӕ ӕндӕр хорз хабар куы ӕрхӕссы, уӕд сымах ахӕм адӕймагӕн фӕбыхсут+.
-
-
Галатӕгтӕм 1:8Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
8 Фӕлӕ уын махӕй исчи, йе та уӕларвӕй зӕд дӕр, цы хорз хабар уӕм ӕрхастам, уымӕй уӕлдай хорз хабары ӕфсон ӕндӕр исты куы хъусын кӕна, уӕд ӕлгъыст фӕуӕд+.
-