Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Раргомад 8:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Фыццаг зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыд их ӕмӕ арт+ тугӕмхӕццӕйӕ. Ӕмӕ басыгъд+ зӕххӕн йе ’ртыккаг хай, басыгъд бӕлӕстӕн се ’ртыккаг хай, цъӕх кӕрдӕг+ дӕр иууылдӕр басыгъд.

  • Раргомад 8:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Дыккаг зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ стыр хохы+ хуызӕн цыдӕр, пиллон артӕй судзгӕйӕ, ӕппӕрст ӕрцыд денджызмӕ+. Ӕмӕ денджызӕн йе ’ртыккаг хай туг фестад+.

  • Раргомад 8:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Ӕртыккаг зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ арвӕй+, судзгӕ цырагъау, ӕрхауд стыр стъалы ӕмӕ ӕрхаудис цӕугӕдӕттӕн се ’ртыккаг хайыл ӕмӕ суадӕттыл+.

  • Раргомад 8:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Цыппӕрӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хурӕн йе ’ртыккаг хай бахъыгдард, афтӕ ма мӕйы ӕртыккаг хай ӕмӕ стъалыты ӕртыккаг хай дӕр, цӕмӕй се ’ртыккаг хай батар уыдаид+ ӕмӕ цӕмӕй боны ӕмӕ ӕхсӕвы ӕртыккаг хай+ талынг уыдаид.

  • Раргомад 9:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Фӕндзӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ федтон, арвӕй зӕхмӕ стъалы+ куыд ӕрхауд. Уыцы стъалыйӕн лӕвӕрд ӕрцыд дӕлдзӕхы+ дӕгъӕл+.

  • Раргомад 9:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Ӕхсӕзӕм зӕд+ йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ Хуыцауы раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ ис, уымӕн йӕ сыкъатӕй райхъуыст хъӕлӕс+

  • Раргомад 11:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕвдӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕстӕ: «Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы*+ ӕмӕ йӕ Чырыстийы*+ къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын