Йезекил
32 Дыууадӕсӕм азы, дыууадӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон Йегъовӕ мӕнӕн загъта: 2 «Адӕймаджы фырт, хъарӕг кӕн фараоныл, Египеты паддзахыл, ӕмӕ йын зӕгъ: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ ӕвзонг домбайы хуызӕн, фӕлӕ бамыр дӕ+.
Ды уыдтӕ стыр денджызон цӕрӕгойы хуызӕн+, дӕ цӕугӕдӕтты ленк кодтай, дӕ къӕхтӕй дон змӕстай ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ чъизи кодтай“.
3 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дыл бирӕ адӕмты къухӕй мӕ хыз+ баппардзынӕн, ӕмӕ дӕ уыдон мӕ хызӕй ӕрцахсдзысты+. 4 Ӕз дӕ ныууадздзынӕн сурзӕххыл, ӕрӕппардзынӕн дӕ быдыры+. Ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дыл баддзысты ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ дӕуӕй бафсаддзынӕн ӕгас зӕххы хъӕддаг сырдты дӕр+. 5 Дӕ мард дын хӕхтыл ныппырх кӕндзынӕн, цы ма дӕ баззайа, уыдӕттӕй дӕлвӕзтӕ байдзаг кӕндзынӕн+. 6 Цы туг дӕ кӕла, уымӕй хӕхтыл зӕхх бафсаддзынӕн, дӕ тугӕй+ байдзаг уыдзысты цӕугӕдӕттӕ“.
7 „Дӕ зынг куы ахуысса, уӕд ӕз арв бамбӕрздзынӕн ӕмӕ йын йе стъалыты рухс баталынг кӕндзынӕн. Хур мигътӕй сӕхгӕндзынӕн, мӕй дӕр нал рухс кӕндзӕн+. 8 Арвыл цы рухсгӕнӕнтӕ ис, уыдон иууылдӕр дӕу тыххӕй баталынг кӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ зӕхх талынгӕй бамбӕрздзынӕн“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
9 „Ӕз бирӕ адӕмты зӕрдӕтӕ фӕриссын кӕндзынӕн, дӕ адӕмы дын иннӕ адӕмты ’хсӕнмӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы бӕстӕтӕм уацары куы акӕнон, уӕд+. 10 Дӕ фӕрцы ӕз бирӕ адӕмты тас бауадздзынӕн+, сӕ паддзӕхтӕ фыртӕссӕй бариздзысты, сӕ цӕсгӕмтты раз мӕ хъама куы сисон+, уӕд, ӕмӕ де сӕфты бон уыдонӕй алчидӕр йӕ удӕн тӕрсгӕйӕ фесхъиу-фесхъиу кӕндзӕн“+.
11 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ды бауыдзынӕ Вавилоны паддзахы хъамайы амӕттаг+. 12 Ӕз дын дӕ адӕмы ныццӕгъддзынӕн тыхджынты хъаматӕй, се ’ппӕт дӕр сты, адӕмты ’хсӕн цы ӕгъатыр адӕм ис, уыдон+. Уыдон, Египет хъал цӕмӕй у, уыдӕттӕй ницыуал ныууадздзысты ӕмӕ дзы цы бирӕ адӕм цӕры, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн+. 13 Ӕз ын йӕ фос иууылдӕр бирӕ дӕтты цур ныццӕгъддзынӕн+, ӕмӕ уыцы дӕттӕ нал змӕнтдзысты+ нӕдӕр зӕххон адӕймаджы къӕхтӕ, нӕдӕр хӕдзарон фосы къӕхтӕ“.
14 „Уыцы рӕстӕг сын ӕз сӕ бӕстӕйы дӕттӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ цӕугӕдӕттӕ сойау кӕлдзысты“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
15 „Ӕз Египеты зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕ куы фестын кӕнон ӕмӕ уыцы зӕхх, дзаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй куы сафтид уа+, йӕ цӕрджыты йын се ’ппӕты дӕр куы ныццӕгъдон, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+.
16 Ай у хъарӕг ӕмӕ йӕ дзурдзысты кӕуӕгау. Кӕуӕгау ӕй дзурдзысты сылгоймӕгтӕ алы адӕмтӕй. Кӕуӕгау ӕй дзурдзысты, Египетыл ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмыл хъарӕг кӕнгӕйӕ“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».
17 Дыууадӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон та мын Йегъовӕ загъта: 18 «Адӕймаджы фырт, хъарӕг кӕн Египеты адӕмыл ӕмӕ зӕгъ+, ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонимӕ иумӕ+ дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзысты сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ хъомысджын адӕмтӕ дӕр+.
19 „Кӕмӕй хуыздӕр дӕ?+ Дӕлӕмӕ ныххиз – ды хуысдзынӕ, сунӕтгонд чи нӕу, уыдонимӕ!“+
20 „Египетӕгтӕ* ӕрхаудзысты, хъамайӕ чи фӕмард, уыдоны ’хсӕнмӕ+. Египет* бакодтой хъамайы амӕттаг. Ахӕр-хӕр ын кӕнут йӕхи дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмы дӕр.
21 Уымӕн йӕхимӕ ӕмӕ йе ’ххуысгӕнджытӕм ингӕнӕй* дзурдзысты тыхджынтӕн сӕ дзырддзӕугӕ лӕгтӕ+. Уыдон дӕлӕмӕ ныххиздзысты+ ӕмӕ хуысдзысты, сунӕтгонд чи нӕу, хъамайӕ чи фӕмард, уыдонау. 22 Ассири ӕмӕ йе ’фсад иууылдӕр уым сты+. Ассириӕгты ингӕнтӕ сты сӕ паддзахы алыварс*. Се ’ппӕт дӕр сты мард, фӕмард сты хъамайӕ+. 23 Сӕ ингӕнтӕ сты дзыхъхъы арфдӕр къуымты+, ӕмӕ йе ’фсад ис йӕ ингӕны алыварс. Иууылдӕр сты мард, фӕмард сты хъамайӕ, уымӕн ӕмӕ удӕгӕсты зӕххыл се ’ппӕты дӕр тас ӕфтыдтой.
24 Уым сты Еламы+ паддзахад, ӕмӕ йӕ ингӕны алыварс – йӕ адӕм се ’ппӕт дӕр. Иууылдӕр сты мард, фӕмард сты хъамайӕ, сунӕтгонд нӕ уыдысты, афтӕмӕй дӕлдзӕхмӕ ныххызтысты. Уыдон удӕгӕсты зӕххыл се ’ппӕты дӕр тас уагътой. Ӕмӕ, ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонимӕ хӕсдзысты ӕгады ном+. 25 Уымӕн сӕвӕрдтой хуыссӕн+, чи фӕмард, уыдоны ’хсӕн, йе ’ппӕт адӕмы ’хсӕн. Йӕ адӕмы ингӕнтӕ сты йӕ алыварс. Иу дӕр дзы сунӕтгонд нӕу, иууылдӕр хъамайӕ фӕмард сты+, уымӕн ӕмӕ удӕгӕсты зӕххыл се ’ппӕты дӕр тас уагътой. Ӕмӕ, ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонимӕ хӕсдзысты ӕгады ном. Уый сӕвӕрдтой, чи фӕмард, уыдоны ’хсӕн.
26 Уым сты Мешех+, Фувал+ ӕмӕ сӕ адӕм се ’ппӕт дӕр. Сӕ ингӕнтӕ сты йӕ алыварс. Иу дӕр дзы сунӕтгонд нӕу, се ’ппӕты дӕр хъамайӕ ныххуынчъытӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ удӕгӕсты зӕххыл се ’ппӕты дӕр тас уагътой. 27 Цымӕ тыхджынтимӕ иумӕ нӕ хуысдзысты+ – сунӕтгонд чи нӕу, уыдонӕй чи фӕмард, ингӕнмӕ* йӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ чи ныххызт, уыдонимӕ? Сӕ хъаматӕ сын сӕ нывӕрзӕн бавӕрдзысты, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты се стджытыл+, уымӕн ӕмӕ уыцы тыхджынтӕ удӕгӕсты зӕххыл се ’ппӕты дӕр тас уагътой+. 28 Ды та дӕ мӕлӕт ссардзынӕ, сунӕтгонд чи нӕу, уыдоны ’хсӕн, ӕмӕ хуысдзынӕ, хъамайӕ чи фӕмард, уыдонимӕ.
29 Уым сты Едом+, йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йӕ сӕргълӕуджытӕ иууылдӕр – кӕд хъомысджын уыдысты, уӕддӕр сӕ бавӕрдтой, хъамайӕ+ чи фӕмард, уыдонимӕ. Уыдон хуысдзысты, сунӕтгонд чи нӕу+, уыдонимӕ ӕмӕ, ингӕны былыл чи лӕууы, уыцы адӕмимӕ.
30 Уым сты цӕгатаг кънйӕзтӕ иууылдӕр ӕмӕ сидойнӕгтӕ+ се ’ппӕт дӕр. Кӕд сӕ хъомыс адӕмы тас уагъта, уӕддӕр фӕхудинаг сты ӕмӕ, чи фӕмард, уыдонимӕ дӕлӕмӕ ныххызтысты. Ӕмӕ сунӕтгонд нӕ уыдзысты, афтӕмӕй хуысдзысты, хъамайӕ чи фӕмард, уыдонимӕ ӕмӕ, ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонимӕ ӕгады ном хӕсдзысты+.
31 Гъе уыдоны фендзӕн фараон ӕмӕ уӕд йе ’ппӕт адӕмы тыххӕй ӕрсабыр уыдзӕн+. Фараон ӕмӕ йе ’фсад иууылдӕр хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
32 „Уый удӕгӕсты зӕххыл се ’ппӕты дӕр тас уагъта+, ӕмӕ хуысдзӕн, сунӕтгонд чи нӕу, уыдонимӕ, хъамайӕ чи фӕмард, уыцы адӕмимӕ,– фараон ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».