Исай
34 Адӕмтӕ, хӕстӕг ӕрбалӕуут ӕмӕ байхъусут+. Ӕмӕ сымах дӕр, адӕмыхӕттытӕ+, уӕ хъус ӕрдарут. Зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон, байхъусут+. Байхъусут, зӕхх+ ӕмӕ йыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон+. 2 Йегъовӕйы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм дӕр+, йӕ маст фыцы се ’ппӕт ӕфсӕдтӕм дӕр+. Уый сӕ сӕфты хай бакӕндзӕн, ныццӕгъддзӕн сӕ+. 3 Чи сӕ фӕмард, уыдоны аппардзысты, сӕ мӕрдтӕ тӕф кӕндзысты+. Хӕхтӕ сӕ туджы баудӕсдзысты+. 4 Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдон* фесӕфдзысты+. Чиныджы тыхтон куыд стухай, афтӕ арв тыхт ӕрцӕудзӕн+. Сӕнӕфсирбӕласӕн йӕ хус сыфтӕр куыд ӕрызгъӕла, легъуибӕласӕн – йӕ хус дыргътӕ, афтӕ се ’фсад иууылдӕр бампылдзӕн ӕмӕ ӕрхаудзӕн+.
5 Уӕлӕрвты мӕ хъама+ туджы баудӕсдзӕн. Ӕз ӕй ӕруадздзынӕн Едомыл+, рӕстдзинад куыд домы, уымӕ гӕсгӕ фесафинаг кӕй дӕн, уыцы адӕмыл+. 6 Йегъовӕйы хъама тугӕй бафсӕддзӕн+, ссой уыдзӕн фиуӕй, фырыты уыргты фиуӕй+, сахуырсдзӕн фыркъаты ӕмӕ сӕгъты тугӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Восоры ӕрхӕсдзӕн нывонд, Едомы зӕххыл бирӕ туг ныккалдзӕн+. 7 Семӕ ӕрцӕудзысты хъӕддаг галтӕ+, уӕнгуытӕ ӕмӕ тыхджын галтӕ+. Ӕмӕ сӕ зӕхх туджы баудӕсдзӕн ӕмӕ рыг фиуы соимӕ схӕццӕ уыдзӕн»+.
8 Йегъовӕйӕн у мастисӕн бон+, Сионӕн ӕвзӕрӕй цы ракодтой, уый тыххӕй мастисӕн аз+.
9 Йӕ* цӕугӕдӕттӕ фестдзысты писи, йӕ рыг – сондон. Йӕ зӕхх суыдзӕн судзгӕ писийы хуызӕн+. 10 Йӕ арт ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр нӕ хуысдзӕн, йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн ӕнустӕм дӕр+. Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уыдзӕн хурсыгъд бӕстӕйы хуызӕн+, никуыуал ыл ничи ацӕудзӕн+. 11 Ӕрбынат дзы кӕндзысты пеликан ӕмӕ уызын*, цӕрдзысты дзы хъусджын уыгтӕ ӕмӕ халӕттӕ*+. Ӕмӕ йыл Уый айваздзӕн барӕн бӕндӕн*+ ӕмӕ уырдыгбарӕн дуртӕ*. 12 Йӕ кадджын адӕмӕй иуы дӕр паддзахӕй сӕвӕрӕн нӕ уыдзӕн, йӕ кънйӕзтӕй иу дӕр ницыуал уыдзӕн+. 13 Йӕ цӕрӕн мӕсгуытыл сзайдзӕн сындзытӕ, йӕ фидаргонд горӕтты – пысыратӕ ӕмӕ сындзкъутӕртӕ+. Ӕмӕ суыдзӕн хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат+, цӕрдзӕн дзы страустӕ+. 14 Хъӕддаг сырдтӕ-иу дзы, ниугӕ чи кӕны, уыцы цӕрӕгойтимӕ баиу уыдзысты, сӕгъы хуызӕн чи у, уыцы хӕйрӕджытӕ+ дзурдзысты кӕрӕдзимӕ. Ӕхсӕвыгон цуангӕнӕг маргъ* дзы йӕ фӕллад уадздзӕн, уый йын уыдзӕн улӕфӕн бынат+. 15 Йӕ амӕттагыл йӕхи ӕваст чи ныццӕвы, уыцы калм дзы йӕхицӕн ахстон скодта ӕмӕ дзы ӕйчытӕ ӕрӕфтыдта. Уый сыл баддзӕн ӕмӕ-иу йӕ лӕппынты йӕ быны бакӕндзӕн. Уым ӕмбырд кӕндзысты цъиусуртӕ+, алкӕцыдӕр йӕ къаимӕ.
16 Уыдӕттӕ Йегъовӕйы чиныджы ссарут+ ӕмӕ сӕ хъӕрӕй бакӕсут: цӕрӕгойтӕ иууылдӕр уым сты+, алкӕцыйӕн дӕр ис къай, уымӕн ӕмӕ бардзырд рацыд Йегъовӕйы дзыхӕй+ ӕмӕ сӕ йӕ тыхӕй* ӕрӕмбырд кодта+. 17 Хӕлттӕ сын Уый сӕппӕрста, уыцы бынат сын барӕн бӕндӕнӕй уый къух абарста+. Уыдоны бауыдзӕн ӕнустӕм дӕр, цӕрдзысты йыл фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.