Иов
24 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау тӕрхонӕн рӕстӕджытӕ цӕуылнӕ снысан кодта+,
Ӕмӕ, Хуыцауы чи зоны, уыдон ын йӕ тӕрхоны бонтӕ цӕуылнӕ уынынц?+
2 Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ, иннӕмӕн йӕ зӕххы арӕнтыл цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, уыдоныл фалдӕр ахӕцынц+,
Искӕй дзуг байсынц ӕмӕ йӕ фӕхизынц.
3 Сидзӕрӕн йӕ хӕрӕджы акӕнынц,
Идӕдзӕн йӕ гал цъынды райсынц+.
4 Уыдон мӕгуырты сӕ фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕнынц+,
Ӕмӕ, зӕххыл цы ӕфхӕрд адӕм ис, уыдон бамбӕхсынц.
5 Ӕдзӕрӕг быдыры чи цӕры, уыцы зебрӕтау+
Мӕгуыртӕ рацӕуынц, цӕмӕй фыдӕбон кӕной, хӕринаг ссарой.
Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ сывӕллӕттӕн хӕринаг ратты.
6 Быдыры сӕ фосӕн холлаг ӕмбырд кӕнынц,
Ӕмӕ фыдгӕнджыты сӕнӕфсирдӕтты цӕстыфӕныкъуылдмӕ ницыуал фӕуадзынц.
8 Тӕрккъӕвдайӕ хӕхты ныххуылыдз вӕййынц,
Ӕмӕ, ӕмбӕхсӕн бынат кӕй не ссарынц+, уый тыххӕй сӕхи къӕдзӕхмӕ нылхъивынц.
10 Ӕмӕ уый тыххӕй фӕцӕуы бӕгънӕгӕй, ӕнӕ уӕлӕдарӕсӕй,
Ӕмӕ ӕххормагӕй фӕхӕссы карст ӕфсиртӕ+.
11 Сихорӕй фӕкусы сӕнӕфсирдӕтты ’хсӕн*,
Сӕндуцӕнты къахӕй фӕцъӕл кӕны сӕнӕфсир, йӕхӕдӕг та дойныйӕ фӕмӕлы+.
12 Горӕтӕй хъуысы, чи мӕлы, уыцы адӕмы хъӕрзын,
Мӕлӕтдзаг цӕф чи у, уыдон ӕххуысмӕ дзыназынц+.
Фӕлӕ Хуыцаумӕ уый нымады дӕр нӕу+.
13 Фыдгӕнджытӕ сты, рухсы ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны ’хсӕн+.
Уыдон рухсы фӕндӕгтӕ ницӕмӕ дардтой,
Йӕ фӕндӕгтыл никуы баззадысты.
15 Хӕтаг адӕймаджы цӕст ӕнхъӕлмӕ кӕсы+ изӕрдалынгтӕм+,
Уый фӕзӕгъы: „Ничи мӕ фендзӕн!“+ –
Ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕрӕмбӕрзы.
16 Давӕг ӕхсӕвыгон хӕдзӕртты къултӕ бакъахы,
Боныгон йӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕны.
Бонырухс цы у, уый нӕ зоны+.
17 Райсомы рухс ын саудалынгӕй уӕлдай нӕу+,
Уымӕн ӕмӕ хорз зоны, саудалынджы ӕнӕнхъӕлӕджы цы бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы, уый.
18 Дӕттӕ йӕ уайтагъд ахӕссынц.
Уымӕн йӕ зӕххы хай уыдзӕн ӕлгъыст+.
Сӕнӕфсирдӕттӕм цы фӕндаг цӕуы, уырдӕм нал фӕзилдзӕн.
19 Хус рӕстӕг ӕмӕ хуры тӕвд миты дон куыд аныхъуырынц,
20 Ферох ӕй кӕндзӕн йӕ ныййарӕг мад* дӕр, къуыдыркӕлмытӕн уыдзӕн адджын хӕринаг+,
Ӕппындӕр ӕй ничиуал ӕрхъуыды кӕндзӕн+.
Ӕмӕ фыддзинад бӕласау саст ӕрцӕудзӕн+.
21 Уый слымӕн вӕййы, сывӕллон кӕмӕн нӕ цӕуы, ахӕм ӕнӕзӕнӕг сылгоймагимӕ.
Слымӕн вӕййы идӕдзимӕ+ ӕмӕ йын хорзӕй ницы аразы.
22 Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы тыхджынты акӕндзӕн,
Фыдгӕнӕг сыстдзӕн ӕмӕ йӕ нӕ зондзӕн, удӕгасӕй ма баззайдзӕн ӕви нӕ.
23 Хуыцау ӕй бауадздзӕн, цӕмӕй суа ныфсджын+ ӕмӕ йӕ къахыл фидар лӕууа,
Ӕмӕ Йӕ цӕстытӕ кӕсдзысты ахӕм адӕмы фӕндӕгтӕм+.
24 Уыдон иу гыццыл рӕстӕгмӕ сбӕрзонд вӕййынц, ӕмӕ стӕй нал вӕййынц+,
Ӕрхауынц+, иннӕты хуызӕн сӕ кӕрдӕгау ӕртонынц,
Ӕфсиры цъуппау сӕ ралыг кӕнынц.
25 Уӕдӕ ма ныр исчи зӕгъдзӕн, гӕдыныхӕстӕ кӕй кӕнын
Кӕнӕ мӕ ныхӕстӕ афтид кӕй сты?»