Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 11
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Дыккаг закъон 11:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 6:5; 10:12; Мч 12:30
  • +Д.з 4:45

Дыккаг закъон 11:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 8:5; Дзт 12:6
  • +Д.з 5:24; 9:26
  • +Рц 13:3
  • +Д.з 7:19; Ис 63:12

Дыккаг закъон 11:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 4:34; Не 9:10; Пс 105:27

Дыккаг закъон 11:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 14:23; Пс 136:15; Дзт 11:29
  • +Рц 14:28; 15:4

Дыккаг закъон 11:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 16:1; Пс 106:17
  • +Нм 16:32

Дыккаг закъон 11:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 7:19; 29:3

Дыккаг закъон 11:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 5:19
  • +Д.з 1:38

Дыккаг закъон 11:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 4:40; Пс 91:16; Ӕм 3:2; 10:27
  • +Рд 13:15; 26:3; 28:13; Д.з 9:5
  • +Рц 3:8; Йез 20:6

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2007, 30, 31 фф.

Дыккаг закъон 11:10

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «хъуыди уӕ къӕхтӕй дон кӕнын». Ома-иу къӕхтӕй зылдтой донисӕн цалх кӕнӕ-иу скъахтой ӕмӕ-иу байгом кодтой доны къанӕуттӕ.

Дыккаг закъон 11:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 1:7; 8:7, 9

Дыккаг закъон 11:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 9:3; Пс 33:18; 34:15

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2007, 30, 31 фф.

Дыккаг закъон 11:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 15:26; Д.з 6:17
  • +Д.з 4:29; 6:5; 10:12; Мф 22:37

Дыккаг закъон 11:14

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «ӕз», амоны Хуыцаумӕ.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 26:4; Д.з 28:12; Пс 65:10; Ис 30:23; Йер 14:22
  • +Йер 5:24; Ил 2:23; Иак 5:7

Дыккаг закъон 11:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 104:14
  • +Д.з 6:11; 8:10; Ил 2:19

Дыккаг закъон 11:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 29:18; Иов 31:27; Дзт 3:12
  • +Д.з 8:19; 30:17

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    6/2019, 3, 4 фф.

Дыккаг закъон 11:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:23; 1Пд 8:35; 2Аз 7:13; Ам 4:7
  • +Д.з 4:26; 8:19; 30:18; ЙсН 23:13

Дыккаг закъон 11:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 6:6; Пс 37:31; Ӕм 7:3; Ис 51:7
  • +Рц 13:9, 16; Д.з 6:8

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бинонты амонд», 70, 71 фф.

Дыккаг закъон 11:19

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «фырттӕн».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 4:9; 6:7; Пс 34:11; 78:5; Ӕм 22:6; Еф 6:4

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бинонты амонд», 70, 71 фф.

Дыккаг закъон 11:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 6:9

Дыккаг закъон 11:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 13:15
  • +Д.з 4:40; 6:2; Ӕм 3:2; 4:10; 9:11
  • +Пс 72:5; 89:29

Дыккаг закъон 11:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 6:17; 11:13; Ек 12:13
  • +Д.з 6:5; Лк 10:27
  • +ЙсН 22:5; Пс 81:13; Йез 11:20
  • +Д.з 10:20; 13:4

Дыккаг закъон 11:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 23:28; Д.з 9:5; ЙсН 3:10; Пс 44:2
  • +Д.з 4:38; 7:1; 9:1

Дыккаг закъон 11:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 1:3; 14:9
  • +Рд 15:18; Рц 23:31

Дыккаг закъон 11:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 7:24; ЙсН 1:5
  • +Рц 23:27; Д.з 2:25; ЙсН 2:9; 5:1

Дыккаг закъон 11:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:2, 15; 30:1, 15

Дыккаг закъон 11:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:1; Пс 19:11; Ис 1:19

Дыккаг закъон 11:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ро 2:8, 9
  • +Лв 26:16; Ис 1:20

Дыккаг закъон 11:29

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «ратт».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 23:23; Д.з 9:1
  • +Д.з 27:12; ЙсН 8:33
  • +Д.з 27:13; ЙсН 8:34

Дыккаг закъон 11:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 1:7; 3:17; ЙсН 12:3
  • +2Пд 4:38
  • +Рд 12:6

Дыккаг закъон 11:31

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 9:1; ЙсН 1:11

Дыккаг закъон 11:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 5:32; 12:32; Пс 119:4; 1Ин 5:3
  • +Д.з 4:45

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Дык. з. 11:1Д.з 6:5; 10:12; Мч 12:30
Дык. з. 11:1Д.з 4:45
Дык. з. 11:2Д.з 8:5; Дзт 12:6
Дык. з. 11:2Д.з 5:24; 9:26
Дык. з. 11:2Рц 13:3
Дык. з. 11:2Д.з 7:19; Ис 63:12
Дык. з. 11:3Д.з 4:34; Не 9:10; Пс 105:27
Дык. з. 11:4Рц 14:23; Пс 136:15; Дзт 11:29
Дык. з. 11:4Рц 14:28; 15:4
Дык. з. 11:6Нм 16:1; Пс 106:17
Дык. з. 11:6Нм 16:32
Дык. з. 11:7Д.з 7:19; 29:3
Дык. з. 11:8Мф 5:19
Дык. з. 11:8Д.з 1:38
Дык. з. 11:9Д.з 4:40; Пс 91:16; Ӕм 3:2; 10:27
Дык. з. 11:9Рд 13:15; 26:3; 28:13; Д.з 9:5
Дык. з. 11:9Рц 3:8; Йез 20:6
Дык. з. 11:11Д.з 1:7; 8:7, 9
Дык. з. 11:121Пд 9:3; Пс 33:18; 34:15
Дык. з. 11:13Рц 15:26; Д.з 6:17
Дык. з. 11:13Д.з 4:29; 6:5; 10:12; Мф 22:37
Дык. з. 11:14Лв 26:4; Д.з 28:12; Пс 65:10; Ис 30:23; Йер 14:22
Дык. з. 11:14Йер 5:24; Ил 2:23; Иак 5:7
Дык. з. 11:15Пс 104:14
Дык. з. 11:15Д.з 6:11; 8:10; Ил 2:19
Дык. з. 11:16Д.з 29:18; Иов 31:27; Дзт 3:12
Дык. з. 11:16Д.з 8:19; 30:17
Дык. з. 11:17Д.з 28:23; 1Пд 8:35; 2Аз 7:13; Ам 4:7
Дык. з. 11:17Д.з 4:26; 8:19; 30:18; ЙсН 23:13
Дык. з. 11:18Д.з 6:6; Пс 37:31; Ӕм 7:3; Ис 51:7
Дык. з. 11:18Рц 13:9, 16; Д.з 6:8
Дык. з. 11:19Д.з 4:9; 6:7; Пс 34:11; 78:5; Ӕм 22:6; Еф 6:4
Дык. з. 11:20Д.з 6:9
Дык. з. 11:21Рд 13:15
Дык. з. 11:21Д.з 4:40; 6:2; Ӕм 3:2; 4:10; 9:11
Дык. з. 11:21Пс 72:5; 89:29
Дык. з. 11:22Д.з 6:17; 11:13; Ек 12:13
Дык. з. 11:22Д.з 6:5; Лк 10:27
Дык. з. 11:22ЙсН 22:5; Пс 81:13; Йез 11:20
Дык. з. 11:22Д.з 10:20; 13:4
Дык. з. 11:23Рц 23:28; Д.з 9:5; ЙсН 3:10; Пс 44:2
Дык. з. 11:23Д.з 4:38; 7:1; 9:1
Дык. з. 11:24ЙсН 1:3; 14:9
Дык. з. 11:24Рд 15:18; Рц 23:31
Дык. з. 11:25Д.з 7:24; ЙсН 1:5
Дык. з. 11:25Рц 23:27; Д.з 2:25; ЙсН 2:9; 5:1
Дык. з. 11:26Д.з 28:2, 15; 30:1, 15
Дык. з. 11:27Д.з 28:1; Пс 19:11; Ис 1:19
Дык. з. 11:28Ро 2:8, 9
Дык. з. 11:28Лв 26:16; Ис 1:20
Дык. з. 11:29Рц 23:23; Д.з 9:1
Дык. з. 11:29Д.з 27:12; ЙсН 8:33
Дык. з. 11:29Д.з 27:13; ЙсН 8:34
Дык. з. 11:30Д.з 1:7; 3:17; ЙсН 12:3
Дык. з. 11:302Пд 4:38
Дык. з. 11:30Рд 12:6
Дык. з. 11:31Д.з 9:1; ЙсН 1:11
Дык. з. 11:32Д.з 5:32; 12:32; Пс 119:4; 1Ин 5:3
Дык. з. 11:32Д.з 4:45
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Дыккаг закъон 11:1–32

Дыккаг закъон

11 Уарз дӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ алкӕддӕр ӕххӕст кӕн, йӕ разы дыл цы хӕстӕ ис, уыдон, йӕ уагӕвӕрдтӕ, йӕ закъӕттӕ+ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ. 2 Сымах ӕй зонут, мӕ ныхас сымахмӕ кӕй у. Уӕ фырттӕм нӕу мӕ ныхас. Уыдон нӕ зонынц ӕмӕ нӕ федтой, уӕ Хуыцау Йегъовӕ зонд куыд амоны, уый+. Нӕ зонынц ӕмӕ йын нӕ федтой йӕ кад ӕмӕ йӕ хъомыс+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонг+, 3 Египеты зӕххыл фараоны раз, Египеты+ паддзахы раз, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы раз цы нысӕнттӕ равдыста ӕмӕ сын цы сарӕзта, уый. 4 Нӕ федтой, Египеты ӕфсӕдтӕн, йӕ бӕхтӕн ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕттӕн цытӕ бакодта, уый – фӕстейӕ уӕ куы расырдтой, уӕд сын Йегъовӕ сӕ размӕ Сырх денджызы дӕттӕ куыд рауагъта ӕмӕ сӕ куыд ныццагъта+, ӕмӕ ма абоны онг дӕр египетӕгтӕ сӕхимӕ нӕма ӕрцыдысты+. 5 Уыдон нӕ федтой, цалынмӕ ардӕм ӕрбахӕццӕ стут, уӕдмӕ уыл ӕдзӕрӕг быдыры куыд тыхсти; 6 нӕ федтой, Дафан ӕмӕ Авиронӕн+, Рувимы фырт Елиавы фырттӕн, цы бакодта, уый – зӕхх куыд фегом ӕмӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ хӕдзаронты дӕр, сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕм цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон дӕр куыд аныхъуырдта ӕгас Израилы цӕстыты раз+. 7 Фӕлӕ сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон иууылдӕр+.

8 Абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ+ иууылдӕр ӕххӕст кӕн, цӕмӕй сфидар уай ӕмӕ бацӕуай, цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уырдӕм ӕмӕ йӕ бацахсай+ 9 ӕмӕ цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай+, Йегъовӕ дӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн+, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл, ӕхсыр ӕмӕ мыд+ кӕм кӕлы, уыцы зӕххыл.

10 Цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уый, кӕцӕй рацыдыстут, уыцы Египеты зӕххы хуызӕн нӕу. Уым-иу уӕ хуымтӕ байтыдтат ӕмӕ уӕ хъуыди уӕззау куыст кӕнын, цӕмӕй-иу зӕхх донӕй бафсӕстаиккат*, цӕхӕрадон донӕй куыд ӕфсадай, афтӕ. 11 Фӕлӕ ды цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уый у, хӕхтӕ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ+ кӕм ис, ахӕм зӕхх. Уый йӕхи ӕфсады уӕларвон къӕвдаты донӕй. 12 Уыцы зӕхмӕ зилы уӕ Хуыцау Йегъовӕ. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕм ӕдзухдӕр йӕ цӕст дары+ – афӕдзы райдайӕнӕй афӕдзы фӕудмӕ.

13 Уӕдӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕм+ куы хъусат, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы лӕггад кӕнат+, 14 уӕд уын уый* уӕ зӕххӕн дӕтдзӕн къӕвдатӕ сӕ афоныл+ – фӕззыгон къӕвдатӕ ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ+,– ӕмӕ-иу уӕ хорӕй тыллӕг сисдзыстут, уыдзӕн уӕм адджын сӕн ӕмӕ сой. 15 Уӕ быдырты-иу уӕ фосӕн ӕрзайын кӕндзӕн кӕрдӕг+. Сымах хӕрдзыстут ӕмӕ уыдзыстут ӕфсӕст+. 16 Фӕлӕ-иу уӕд уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма фӕсайды уой+ ӕмӕ ма адзӕгъӕл уат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын ма райдайат ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл ма лӕууат+. 17 Кӕннод уӕм Йегъовӕйы маст ссудздзӕн, ӕмӕ арвы дуӕрттӕ сӕхгӕндзӕн ӕмӕ къӕвда нал уардзӕн+, ӕмӕ зӕхх тыллӕг нал дӕтдзӕн. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы хорз зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут+.

18 Мӕ ныхӕстӕ мын айсут ӕппӕт зӕрдӕйӕ+, ӕппӕт удӕй. Бабӕттут сӕ уӕ къухтыл, цыма уыл нысан ис, афтӕ, ӕмӕ уын уӕнт, цыма уӕ ныхтыл баст сты, афтӕ+. 19 Ӕмӕ сӕ амонут уӕ сывӕллӕттӕн* дӕр, дзурут сыл, хӕдзары куы бадат, фӕндагыл куы цӕуат, куы-иу схуыссат ӕмӕ-иу куы сыстат, уӕд+. 20 Ныффыссут сӕ уӕ хӕдзӕртты дуӕртты тарвӕзтыл ӕмӕ уӕ кулдуӕрттыл+, 21 цӕмӕй, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр бирӕ фӕцӕрат+, арв зӕххы сӕрмӕ цас уыдзӕн, уыйбӕрц+.

22 Ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытыл+ се ’ппӕтыл дӕр фидар куы хӕцат ӕмӕ сӕ куы ’ххӕст кӕнат, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын куы цӕуат+ ӕмӕ йыл ӕнувыд куы уат+, 23 уӕд Йегъовӕ ӕппӕт ацы адӕмты фӕсурдзӕн сымах тыххӕй+ ӕмӕ бацахсдзыстут, сымахӕй тыхджындӕр ӕмӕ стырдӕр чи у, уыцы адӕмты зӕххытӕ+. 24 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххытӕ бауыдзысты сымах+. Уӕ арӕнтӕ уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ливаны онг, Стыр цӕугӕдон Евфратӕй суанг ныгуылӕн денджызы онг+. 25 Уӕ ныхмӕ фӕлӕууын ничи бафӕраздзӕн+. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ-иу уӕ къах кӕм ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххы цӕрджытӕ уӕ иууылдӕр тӕрсдзысты+, сӕ зӕрдӕты-иу тас бацӕудзӕн,– зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ.

26 Мӕнӕ, абон уӕ разы ис арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст+. 27 Арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм+, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдонмӕ куы хъусат, уӕд. 28 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм куы нӕ хъусат+ ӕмӕ уын ӕз абон цы фӕндагыл фӕдзӕхсын цӕуын, уымӕй куы адзӕгъӕл уат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, кӕй нӕ зонут, уыцы хуыцӕутты фӕдыл, куы ацӕуат, уӕд та уӕ баййафдзӕн ӕлгъыст+.

29 Цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ уырдӕм куы бакӕна, уӕд-иу Гаризимы хохыл зӕгъ* арфӕйы ныхӕстӕ+, Гевалы хохыл та – ӕлгъыстытӕ+. 30 Уыцы хӕхтӕ уӕртӕ Иорданы фаллаг фарс, ныгуылӕнырдыгӕй, не сты? Аравӕйы+ чи цӕры, уыцы ханаайнӕгты зӕххыл, Галгалы+ раз, Морейы+ стыр бӕлӕсты цур не сты? 31 Сымах хизут Иорданы фаллаг фарсмӕ, цӕмӕй бацӕуат, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат. Бацахсут ӕй ӕмӕ йыл ӕрцӕрут+. 32 Ӕмӕ уын абон кӕй фехъусын кодтон+, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+ иууылдӕр лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын