Амонӕгӕн. Корейы фыртты псалом. Зарӕг.
47 Адӕмтӕ, иууылдӕр ӕмдзӕгъд кӕнут+.
Фырцинӕй хъӕр кӕнут ӕмӕ зарут Хуыцауӕн, цины хъӕр кӕнут+.
2 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, Иунӕг Стыр Хуыцау, адӕймагыл ӕфтауы тас+,
Уый у ӕгас зӕххы цытджын Паддзах+.
3 Адӕмты нын нӕ дӕлбар бакӕндзӕн+
Ӕмӕ нын адӕмыхӕттыты нӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзӕн+.
4 Уый нын равзардзӕн бынтӕ+.
Уыцы бынтӕй сӕрыстыр у, кӕй уарзы, уыцы Иаков+. (Се́ла)
5 Хуыцау ссыд цины хъӕртимӕ+,
Йегъовӕ ссыд сыкъайы уастимӕ+.
6 Зарут Хуыцауӕн, зарут+.
Зарут нӕ Паддзахӕн, зарут,
7 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау у ӕгас зӕххы Паддзах+.
Зарут ӕмӕ ут ӕмбаргӕ+.
8 Хуыцау сси адӕмты паддзах+.
Хуыцау ӕрбадт йӕ сыгъдӕг паддзахбадӕныл+.
9 Адӕмты хицӕуттӕ ӕрӕмбырд сты+
Авраамы Хуыцауы адӕмимӕ+,
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы сты зӕххы уартытӕ+.
Уый ссыд тынг бӕрзонд+.