Левит
18 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: 2 «Афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+. 3 Кӕм цардыстут, уыцы Египеты зӕххыл куыд кӕнынц, афтӕ ма кӕнут+. Ӕмӕ уӕ кӕдӕм кӕнын, уыцы Ханааны зӕххыл куыд кӕнынц, афтӕ дӕр ма кӕнут+. Сӕ закъӕттӕм гӕсгӕ сын ма цӕрут. 4 Ӕххӕст кӕнут мӕ тӕрхӕттӕ+ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕм хъусут+, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. 5 Мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕймаг куы ’ххӕст кӕна, уӕд цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы+. Ӕз дӕн Йегъовӕ+.
6 Мачи уӕ бацӕуӕд йӕ тугхӕстӕгмӕ, цӕмӕй йын йӕ буар байгом кӕна*+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 7 Ма байгом кӕн дӕ фыды буар+ ӕмӕ дӕ мады буар. Уый дӕ мад у. Йӕ буар ын ма байгом кӕн.
8 Ма байгом кӕн дӕ фыды усы буар+. Уый дӕ фыды буар у.
9 Ма байгом кӕн дӕ хойы, дӕ фыды чызджы кӕнӕ дӕ мады чызджы буар, уӕлдай нӕу, иу хӕдзары гуырд стут ӕви нӕ+.
10 Ма байгом кӕн дӕ фырты чызджы кӕнӕ дӕ чызджы чызджы буар, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕ буар сты.
11 Ма байгом кӕн дӕ фыды усы чызджы буар, дӕ фыды зӕнӕджы буар. Уый дӕ хо у.
12 Ма байгом кӕн дӕ фыды хойы буар. Уый дӕ фыдӕн йӕ туг у+.
13 Ма байгом кӕн дӕ мады хойы буар, уымӕн ӕмӕ уый дӕ мадӕн йӕ туг у.
14 Ма байгом кӕн дӕ фыды ӕфсымӕры буар, йӕ усмӕ йын хӕстӕг ма бацу. Уый дӕ хӕстӕг у+.
15 Ма байгом кӕн дӕ чындзы буар+. Уый дӕ фырты ус у. Йӕ буар ын ма байгом кӕн.
16 Ма байгом кӕн де ’фсымӕры усы буар+. Уый де ’фсымӕры буар у.
17 Ма байгом кӕн дӕ усы чызджы буар+. Ма йын ракур йӕ фырты чызджы кӕнӕ йӕ чызджы чызджы ӕмӕ йын йӕ буар ма байгом кӕн. Уыдон тугхӕстӕджытӕ сты. Уыдӕттӕ сты хӕлд митӕ+.
18 Цалынмӕ дӕ ус ӕгас у, уӕдмӕ йын йӕ хойы дыккаг усӕн ма ’ркӕн+ ӕмӕ йын йӕ буар ма байгом кӕн.
19 Сылгоймагмӕ хӕстӕг ма бацу йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты+, сыгъдӕг куы нӕ вӕййы, уӕд, ӕмӕ йын йӕ буар ма байгом кӕн+.
20 Искӕй усимӕ ӕмуат ма ӕрцу, дӕхи ма фӕчъизи кӕн+.
21 Ма-иу бауадз, цӕмӕй дын дӕ сывӕллӕттӕй искӕй Молохӕн+ снывонд кӕной+. Дӕ Хуыцауы ном уымӕй ма фӕчъизи кӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ+.
22 Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуай+, нӕлгоймагимӕ афтӕ ма кӕн+. Уый ӕлгъаг ми у.
23 Макӕцы фосимӕ схуысс+ ӕмӕ дӕхи ма фӕчъизи кӕн. Ӕмӕ сылгоймаг дӕр хъуамӕ фосы раз ма ’рлӕууа, цӕмӕй йемӕ схуысса+. Уый ӕбуалгъы ми у*.
24 Уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй дӕр уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, уӕ разӕй уын кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ+. 25 Ӕмӕ зӕхх дӕр счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты йӕхицӕй раппардзӕн+. 26 Сымах та мын мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ уыцы ӕлгъаг митӕй мацы аразут, нӕдӕр израилаг, нӕдӕр уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг+. 27 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кодтой, ацы зӕххыл уӕ размӕ чи цард, уыдон+, ӕмӕ зӕхх счъизи. 28 Уӕд уӕ зӕхх йӕхицӕй нӕ раппардзӕн, уӕ размӕ йыл чи цард, уыцы адӕмты куыд раппардзӕн, афтӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ сымах нӕ фӕчъизи кодтат+. 29 Исчи ӕппӕт уыцы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕй исты куы сараза, уӕд, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны* хъӕуы фесафын сӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 30 Мӕ разы уыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнут ӕмӕ уӕ размӕ адӕм цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон ма кӕнут+, цӕмӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнат. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“».