Псалом
2 Чи радзурдзӕн Йегъовӕйы хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй+
Кӕнӕ чи фехъусын кӕндзӕн йе ’ппӕт кады тыххӕй?+
4 О Йегъовӕ, ӕрхъуыды-иу мӕ кӕн, дӕ адӕмӕн дӕ хорзӕхӕй куы хай кӕнай, уӕд+.
Ма мӕ ныууадз, фервӕзын мӕ кӕн+,
5 Цӕмӕй фенон, де ’взӕрст адӕмӕн цы хорздзинад аразыс, уый+,
Цӕмӕй дӕ адӕмы цинӕй хайджын уон+
Ӕмӕ дӕ ӕппӕлон, дӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрстай, уыдонимӕ иумӕ+.
7 Нӕ фыдӕлтӕ Египеты куы уыдысты,
Уӕд дын дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ нӕ бамбӕрстой+.
Ферох сӕ ис де стыр ӕнувыд уарзт+,
Ӕмӕ дӕ ныхмӕ цыдысты денджызы раз, Сырх денджызы раз+.
9 Уый тыххӕй Сырх денджызӕн бауайдзӕф кодта, ӕмӕ денджыз бахус+,
Ӕмӕ сӕ арф дӕттыл ахизын кодта, цыма ӕдзӕрӕг быдырыл цыдысты, афтӕ+.
10 Фервӕзын сӕ кодта, се сӕфт сӕ чи уыдта, уыдонӕй+,
Се знаджы къухӕй сӕ ӕрдомдта+.
19 Стӕй ма Хоривы сӕхицӕн скодтой род+,
Куывтой гуымирыйӕн+.
20 Афтӕмӕй мын мӕ кад баивтой+
Галы нывыл, кӕрдӕг чи хӕры, уый нывыл+.
21 Уыдон ферох кодтой Хуыцауы, сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы+,
Египеты стыр хъуыддӕгтӕ чи сарӕзта+,
22 Хамы зӕххыл – диссӕгтӕ+,
Сырх денджызы цур – адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+.
23 Гыццыл ма, ӕмӕ сӕ ныццӕгъдын кодтаид+,
Фӕлӕ Моисей, йе ’взӕрст адӕймаг,
Йӕ разы ӕрлӕууыд, къулы хуынчъы куыд балӕууай, афтӕ+,
Цӕмӕй йын йӕ маст ӕрсабыр кодтаид, ӕмӕ сӕ ма фесӕфтаид+.
26 Ӕмӕ уӕд йӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ расомы кодта+,
Афтӕ сын кӕй бакӕндзӕн, ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты+,
27 Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ адӕмты ’хсӕн сӕ мӕлӕт ссардзысты+,
Алы бӕстӕтӕм сӕ ныппырх кӕндзӕн+.
28 Уыдон табу кӕнын райдыдтой Фегоры Ваалӕн+
Ӕмӕ хордтой, ӕнӕуд хуыцӕуттӕн кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕй+.
30 Фӕлӕ Финеес куы сыстад ӕмӕ, цы хъуыди, уый куы бакодта+,
Уӕд адӕм нал цагъды кодтой.
31 Ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл
Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕнустӕм+.
38 Калдтой ӕнаххос туг+,
Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй хастой,
Сӕ уыцы фыртты ӕмӕ чызджыты туг+,
Ӕмӕ зӕхх тугӕй счъизи+.
41 Ӕмӕ та-иу сӕ радта иннӕ адӕмты къухмӕ+,
Цӕмӕй сӕ се сӕфт чи уыдта, уыдон сын хицӕуттӕ уыдаиккой+,
42 Цӕмӕй сӕ се знӕгтӕ ӕфхӕрдтаиккой,
Цӕмӕй сӕхи сӕ къухмӕ радтаиккой+.
43 Цал ӕмӕ сӕ цал хатты фервӕзын кодта+,
Фӕлӕ йӕм уӕддӕр нӕ хъуыстой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты+,
Ӕмӕ-иу сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕгады бынатмӕ ӕрхаудтой+.
46 Афтӕ-иу бакодта, ӕмӕ-иу уацары кӕмӕ уыдысты,
Уыдон-иу сын фӕтӕригъӕд кодтой+.