Йезекил
38 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта: 2 «Адӕймаджы фырт+, азил, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы ’рдӕм+, Мешех+ ӕмӕ Фувалы+ сӕйраг сӕргълӕууӕджы ’рдӕм, ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн, дзур йӕ ныхмӕ. 3 Зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз рацӕудзынӕн дӕ ныхмӕ, Гог, дӕ ныхмӕ, Мешех ӕмӕ Фувалы сӕйраг сӕргълӕууӕг. 4 Ӕз дӕ иннӕрдӕм аздахдзынӕн, де ’фсӕрты дын цӕгтӕ бакӕндзынӕн+ ӕмӕ дӕ ӕрбакӕндзынӕн де ’ппӕт ӕфсадимӕ+, бӕхтимӕ ӕмӕ барджытимӕ – иууылдӕр сты хӕрзарӕзт+,– тынг бирӕ адӕмимӕ, сӕ къухты – стыр ӕмӕ гыццыл уартытӕ, иууылдӕр иттӕг хорз хӕцынц хъамайӕ+. 5 Семӕ уыдзысты Перс+, Ефиопи+ ӕмӕ Фут+ – иууылдӕр гыццыл уартытимӕ ӕмӕ згъӕрхудты,– 6 Гомер+ ӕмӕ йе ’ппӕт ӕфсӕдтӕ, Фогармӕйы+ байзӕддӕгтӕ цӕгаты кӕрӕттӕй ӕмӕ се ’ппӕт ӕфсӕдтӕ – демӕ уыдзӕни бирӕ адӕмтӕ+.
7 Цӕттӕ у, дӕхи срӕвдз кӕн – дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, демӕ чидӕриддӕр ис+, дӕ разы чи ӕрӕмбырд, уыдон дӕр, ӕмӕ ды уыдзынӕ сӕ разамонӕг.
8 Бирӕ бонты фӕстӕ дӕм ме ’ргом раздахдзынӕн. Фӕстаг азты ды ӕрбацӕудзынӕ+, фӕстӕмӕ чи ’рбаздӕхт ӕмӕ хъамайӕ чи фервӕзт, уыцы адӕмы зӕхмӕ – уыдоны ӕрӕмбырд кодтой бирӕ адӕмты ’хсӕнӕй+ Израилы хӕхтыл, бирӕ рӕстӕг афтид чи уыди, уыдоныл. Уыцы зӕххы адӕмы ӕрбакодтой адӕмты ’хсӕнӕй, ӕмӕ уыдон иууылдӕр цӕрынц ӕдасӕй+. 9 Ды ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕ. Ӕрбацӕудзынӕ тыхдымгӕйау+. Де ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ ӕмӕ, демӕ цы бирӕ адӕмтӕ уа, уыдонимӕ уыдзынӕ, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн“+.
10 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уыцы бон афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фӕзындзӕн цыдӕр хъуыдытӕ+ ӕмӕ скӕндзынӕ фыдвӕнд+. 11 Ды зӕгъдзынӕ: „Цӕуон, рацӕуон, йӕ хъӕуты алыварс къултӕ кӕмӕн нӕй, уыцы зӕххы ныхмӕ+. Цом, бабырсон, ӕнӕмӕтӕй, ӕдасӕй чи цӕры, уыдонмӕ. Кӕм цӕрынц, уым сын иу ран дӕр къултӕ нӕй+, нӕй сын нӕдӕр дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ, нӕдӕр дуӕрттӕ“. 12 Ды рацӕудзынӕ, цӕмӕй бирӕ мулк рахӕссай+, бастигъай сӕ, дӕ къух сисай, ногӕй цӕрджытӕ кӕм фӕзынд, уыцы хӕлддзӕгтӕм+ ӕмӕ, алы адӕмты ’хсӕнӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой+, уыцы адӕммӕ, хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ мулк чи ’мбырд кӕны+, зӕххы астӕу+ чи цӕры, уыдонмӕ.
13 Савӕ+ ӕмӕ Дедан+, Фарсисы+ сӕудӕджертӕ ӕмӕ дын ӕвзонг домбӕйттӕ+ иууылдӕр зӕгъдзысты: „Уый тыххӕй рацыдтӕ, цӕмӕй бирӕ мулк рахӕссай? Дӕ адӕмы уый тыххӕй ӕрӕмбырд кодтай, цӕмӕй уыцы бӕстӕ бастигъай, рахӕссай ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ мулк, цӕмӕй дӕ къухы тынг бирӕ мулк бафта?“
14 Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн, адӕймаджы фырт, ӕмӕ зӕгъ Гогӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уыцы бон фендзынӕ, мӕ адӕм Израил ӕдасӕй кӕй цӕрынц+. 15 Ды рацӕудзынӕ дӕ бынатӕй, цӕгаты кӕрӕттӕй+, ӕмӕ демӕ уыдзӕн бирӕ адӕмтӕ, иууылдӕр баддзысты бӕхтыл, тынг бирӕ адӕм, ӕнӕнымӕц ӕфсад+. 16 Ды ӕнӕмӕнг рацӕудзынӕ мӕ адӕм Израилы ныхмӕ, уыдзынӕ, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн+. Уый уыдзӕн фӕстаг бонты, ӕмӕ дӕ ӕз ӕрбакӕндзынӕн мӕ зӕххы ныхмӕ+, цӕмӕй мӕ базоной адӕмтӕ, сӕ цӕстыты раз дӕуыл, Гог, мӕ кад куы равдисон ӕмӕ мӕ ном куы срухс кӕнон, уӕд“+.
17 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ды+, мыййаг, уый нӕ дӕ, раздӕр дӕр мӕ лӕггадгӕнджыты уылты, Израилы пехуымпарты уылты, кӕй тыххӕй дзырдтон? Уыдон уыцы бонты, бирӕ азты дӕргъы, дзырдтой, дӕу сӕ ныхмӕ кӕй ракӕндзысты“+.
18 „Ӕмӕ уыцы бон, Гог Израилы зӕхмӕ куы ӕрбабырса, уыцы бон,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– фырмӕстӕй мӕ фындзыхуынчъытӕй кӕлдзӕн арт+. 19 Ӕмӕ ӕз дзурдзынӕн цӕхӕртӕ калгӕйӕ+, мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ+. Уыцы бон Израилы зӕххыл уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыст+. 20 Ӕмӕ мӕ разы бариздзысты денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ, хъӕддаг сырдтӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр хилджытӕ ис, уыдон ӕмӕ, зӕххы цъарыл чидӕриддӕр ис, уыцы адӕм+. Хӕхтӕ ныккӕлдзысты+, айнӕг къӕдзӕхтӕ ӕрфӕлдӕхдзысты ӕмӕ къултӕ иууылдӕр зӕххӕмвӕз суыдзысты“.
21 „Ӕз ме ’гас хӕхбӕстыл расиддзынӕн, цӕмӕй Гогы ныхмӕ рацӕуа хъама,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.– Алчидӕр йӕ хъама сисдзӕн йе ’фсымӕрмӕ+. 22 Ӕз ын тӕрхон кӕндзынӕн+ фыднизӕй+ ӕмӕ тугӕй+. Йӕхиуыл, йе ’фсӕдтыл ӕмӕ, йемӕ цы бирӕ адӕмтӕ уа, уыдоныл+ ныккалдзынӕн тӕрккъӕвда ӕмӕ их+, зынг+ ӕмӕ сондон. 23 Ӕмӕ бирӕ адӕмты цӕстыты раз мӕхи сбӕрзонд кӕндзынӕн, мӕ ном срухс кӕндзынӕн+ ӕмӕ мӕхи раргом кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.