Хъуыддӕгтӕ
9 Савл та дарддӕр дӕр Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕм+ мӕстӕй фыхти ӕмӕ сӕм ӕртхъирӕн кодта, иу дӕр сӕ нал ныууадздзынӕн+, зӕгъгӕ. Гъемӕ ацыд хистӕр сауджынмӕ 2 ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы ӕмбырдгӕнӕнтӕм*, цӕмӕй, ацы Фӕндагыл*+ лӕуд чи уыд, уыцы адӕмы, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ Иерусалиммӕ ӕркӕна.
3 Савл Дамаскмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд ӕваст йӕ алыварс ныррухс+. 4 Уӕд Савл зӕххыл ӕрхауд ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?»+ 5 Савл ӕй бафарста: «Чи дӕ, мӕ буц хицау?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн Йесо, ды кӕй фӕдыл зилыс, уый+. 6 Фӕлӕ сыст+, ацу горӕтмӕ, ӕмӕ дын уым зӕгъдзысты, дарддӕр дын цы кӕнгӕ у, уый». 7 Йемӕ чи уыд, уыцы лӕгтӕ+ цавддуртау лӕууыдысты+ – хъӕлӕс хъуыстой+, уынгӕ та никӕй кодтой. 8 Уӕд Савл сыстад, ӕмӕ, кӕд йӕ цӕстытӕ гом уыдысты, уӕддӕр ницы уыдта+. Гъемӕ йын йе ’мбӕлттӕ йӕ къухтыл ныххӕцыдысты ӕмӕ йӕ Дамаскмӕ ӕркодтой. 9 Ӕмӕ ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта+, стӕй хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр нӕ кодта.
10 Дамаскы уыди иу ахуыргӕнинаг, Анани+, зӕгъгӕ. Уымӕ Хицау цӕстылуайӕны фӕдзырдта: «Анани!» Анани йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн, Хицау». 11 Уӕд ын Хицау загъта: «Сыст ӕмӕ, Ӕмраст кӕй хонынц, уыцы уынгмӕ ацу, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс Савлы, Тарсӕй+ чи у, уый. Ныр кувгӕ кӕны, 12 ӕмӕ цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, Анани, зӕгъгӕ. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй цӕстӕй ракӕса»+. 13 Фӕлӕ йын Анани загъта: «Хицау, ацы лӕджы тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон, Иерусалимы дын дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн* цас фыдмитӕ фӕкодта, уый. 14 Сауджынты хистӕртӕ йын бар радтой, цӕмӕй дын ам дӕр дӕ фӕдылдзӕуджыты* се ’ппӕты дӕр ахӕстоны бакӕна»+. 15 Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, уый у ме ’взӕрст лӕг*+ – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн+, стӕй паддзӕхтӕн+ ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр. 16 Ӕз ын равдисдзынӕн, мӕ номы тыххӕй цас хъизӕмӕрттӕ хъуамӕ бавзара, уый»+.
17 Анани дӕр ацыд, бацыд уыцы хӕдзармӕ, Савлыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Савл, ме ’фсымӕр, Хицау Йесо, фӕндагыл дӕм чи фӕзынд, уый мӕ рарвыста дӕумӕ, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уай»+. 18 Ӕмӕ ӕвиппайды Савлы цӕстытӕй кӕсаджы хӕрвы хуызӕн цыдӕртӕ ӕрхауд ӕмӕ цӕстӕй ракаст. Ӕмӕ уӕд сыстад ӕмӕ донаргъуыд райста. 19 Уый фӕстӕ хӕринаг бахордта, ӕмӕ дзы хъарутӕ бацыди+.
Савл цалдӕр боны фӕци Дамаскы ахуыргӕнинӕгтимӕ+ 20 ӕмӕ ӕвӕстиатӕй райдыдта ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын+, зӕгъгӕ, уый у Хуыцауы Фырт. 21 Фӕлӕ йӕм чи хъуыста, уыдон иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай мӕнӕ, Иерусалимы Йесойы фӕдылдзӕуджыты* ӕгъатырӕй чи ӕфхӕрдта+, уый нӕу? Ӕмӕ ардӕм дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй сӕ ӕрцахса ӕмӕ сӕ сауджынты хистӕртӕм акӕна?»+ 22 Фӕлӕ Савл фидарӕй-фидардӕр кодта ӕмӕ, Дамаскы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдонӕн хаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо кӕй у Чырысти, уымӕн+, ӕмӕ-иу ын цы загътаиккой, уый нал зыдтой.
23 Уымӕй рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ дзуттӕгтӕ бауынаффӕ кодтой, Савлы амарӕм, зӕгъгӕ+. 24 Фӕлӕ сын Савл сӕ сусӕгвӕнд базыдта. Уыдон ӕй кулдуӕртты раз ӕхсӕвӕй-бонӕй хъахъхъӕдтой, цӕмӕй йӕ амардтаиккой+. 25 Ӕмӕ йӕ уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕхсӕвыгон, горӕты къулы цы рудзынг уыд, уырдыгӕй чыргъӕды ӕруагътой+.
26 Иерусалиммӕ куы ’рцыд+, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕм баиу уыдаид, фӕлӕ дзы иууылдӕр тарстысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ уырныдта, ахуыргӕнинаг кӕй сси, уый. 27 Уӕд ын Варнавӕ баххуыс кодта+ ӕмӕ йӕ апостолтӕм ӕрбакодта. Ӕмӕ сын лӕмбынӕг радзырдта, Савл фӕндагыл Хицауы куыд федта+ ӕмӕ уый йемӕ куыд ныхас кодта+, стӕй Савл Дамаскы+ Йесойы номӕй ныфсджынӕй куыд дзырдта, уыдӕттӕ. 28 Уый фӕстӕ Савл семӕ баззад, ӕмӕ Иерусалимы сӕрибарӕй рацу-бацу кодта ӕмӕ ныфсджынӕй дзырдта Хицауы номӕй+. 29 Савл ныхас кодта, грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтимӕ, ӕмӕ-иу сын быцӕу дӕр бацайдагъ. Ӕмӕ йӕ уыдон та марынмӕ хъавыдысты+. 30 Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй акодтой Кесаримӕ, уырдыгӕй та йӕ арвыстой Тарсмӕ+.
31 Ӕгас Иудейӕ, Галилейӕ ӕмӕ Самарийы ӕмбырдӕн+ скодта сабыр рӕстӕг, ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр кодта. Ахуыргӕнинӕгты Йегъовӕйы тас кӕй уыди+ ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тых+ кӕй фидар кодта, уый фӕрцы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой.
32 Петр та алы рӕттыл куы зылди, уӕд ӕрцыди, Лиддӕйы цы ахуыргӕнинӕгтӕ цард, уыдонмӕ дӕр+. 33 Уым федта, паралич кӕй ныццавта ӕмӕ аст азы йӕ хуыссӕнӕй чи не стад, иу ахӕм лӕджы, Еней, зӕгъгӕ. 34 Ӕмӕ йын Петр загъта+: «Еней, Йесо Чырысти дӕ дӕ низӕй дзӕбӕх кӕны+. Сыст ӕмӕ дӕ хуыссӕн бафснай». Ӕмӕ уый дӕр уайтагъд сыстад. 35 Лиддӕйы ӕмӕ Сароны дӕлвӕзы+ чи цард, уыдон иууылдӕр Енейы федтой, ӕмӕ Хицауыл баууӕндыдысты+.
36 Иоппийы+ уыдис иу ахуыргӕнинаг, Тавифӕ, зӕгъгӕ, грекъагау «Доркӕ»*. Уыцы сылгоймагӕй иннӕтӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ+ зыдтой, стӕй тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн дӕр. 37 Петр Лиддӕйы куы уыд, уӕд Доркӕ ӕрбарынчын ӕмӕ амард. Сылгоймаджы ныннадтой ӕмӕ йӕ уӕллаг уаты ӕрӕвӕрдтой. 38 Лиддӕ Иоппимӕ+ хӕстӕг уыди, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Петр уыцы горӕты ис, уӕд ӕм дыууӕ лӕджы арвыстой, дӕ хорзӕхӕй, тагъддӕр-ма нӕм ӕрцу, зӕгъгӕ. 39 Петр дӕр семӕ ацыд. Куы ’рхӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ скодтой. Уырдӕм ӕм идӕдз устытӕ се ’ппӕт дӕр кӕугӕ бацыдысты ӕмӕ йын ӕвдыстой, Доркӕ сын цы дзаумӕттӕ+ бахуыдта, уыдон иууылдӕр+. 40 Фӕлӕ Петр се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста+, йӕхӕдӕг йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ скуывта, стӕй марды ’рдӕм азылд ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, сыст!» Тавифӕ йӕ цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ, Петры куы федта, уӕд рабадт+. 41 Петр ӕм йӕ къух бадардта ӕмӕ йӕ сыстын кодта+. Стӕй ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ идӕдз устытӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын ӕй равдыста, мӕнӕ, удӕгас у, зӕгъгӕ+. 42 Уыцы хабар айхъуыст ӕгас Иоппийыл, ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Хицауыл+. 43 Ӕмӕ ма Петр дзӕвгар рӕстӕг фӕци Иоппийы+, цармы куыстгӕнӕг+ Симоны хӕдзары.