Дыккаг закъон
33 Моисей, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+, йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кодта+ Израилы фырттӕн ӕмӕ сын загъта ацы ныхӕстӕ. 2 Уый загъта:
«Йегъовӕ ӕрцыд Синайӕ+,
Сеирӕй сӕ йӕ рухсӕй ныррухс кодта+.
Фараны хӕхбӕстӕй хурау ракаст+.
Йемӕ уыдысты ӕнӕнымӕц рухс зӕдтӕ+,
Йӕ рахиз фарс уыдысты ӕфсӕддонтӕ+.
3 Йӕ адӕм ын уыдысты зынаргъ+.
Уыцы сыгъдӕг адӕм иууылдӕр сты дӕ къухы+,
Уыдон сӕхи ӕруагътой дӕ къӕхты цур+
Ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм хъуыстой+,–
7 Иудӕйӕн та афтӕ раарфӕ кодта+:
«Фехъус, о Йегъовӕ, Иудӕйы хъӕлӕс+,
Ӕрбакӕн ӕй йӕ адӕммӕ.
Уый йӕхи къухтӕй тох кӕны, йӕхи цы у, уый сӕрыл.
Ӕххуыс ын кӕн йе знӕгтимӕ тох кӕнынӕн»+.
8 Левийы тыххӕй та загъта+:
«О Хуыцау, дӕ туммим ӕмӕ дӕ урим*+ сты, иузӕрдион дыл чи у, уыцы адӕймаджы+,
Массӕйы кӕй фӕлвӕрдтай, уый+.
Ды йемӕ быцӕу кодтай Меривӕйы дӕтты раз+.
9 Уый йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды тыххӕй загъта: „Нӕ сӕ зонын“.
Суанг ӕм йе ’фсымӕртӕ дӕр нымады нӕ уыдысты+,
Йӕ фыртты фарс дӕр нӕ уыд.
Уый фидар хӕцыд дӕ ныхасыл+,
Ӕххӕст кодта дӕ бадзырд+.
10 Уадз бацамонӕд Иаковӕн дӕ тӕрхӕттӕ+
Ӕмӕ Израилӕн – дӕ закъон+.
Уадз ӕмӕ дын судзӕд буд, йӕ тӕф дӕ фындзыл куыд ӕмбӕла+,
Дӕ нывондхӕссӕныл дын хӕссӕд судзинаг нывӕндтӕ+.
11 О Йегъовӕ, раарфӕ кӕн йӕ хъаруйӕн+,
Йӕ хъуыддӕгтӕ дын ӕхсызгон уӕнт+.
Сӕ синтӕ ныппырх кӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн+
Ӕмӕ дзы йе сӕфт чи уыны, уыцы адӕмӕн, сӕ къӕхтыл куыд нал слӕууой»+.
12 Вениаминӕй та загъта+:
«Йегъовӕйӕн уарзон чи у, уый+ йӕм ӕдас бынат ссарӕд+,
Ӕнӕхъӕн бон ӕй дарӕд йӕ дӕлбазыр+,
Ӕмӕ йе уӕхсчыты ’хсӕн цӕрӕд»+.
13 Иосифӕй та загъта+:
«Йегъовӕ йын йӕ зӕххӕн алкӕддӕр арфӕ кӕнӕд+,
Дӕттӕд ын ӕртӕх – зынаргъ лӕвар арвӕй+,
Ӕмӕ арф дӕттӕ зӕххы бынӕй+,
14 Хуры зынаргъ лӕвӕрттӕ+,
Алы мӕйы хъӕздыг лӕвӕрттӕ, сӕ тыллӕг+,
15 Скӕсӕйнаг хӕхты хуыздӕр лӕвӕрттӕ+
Ӕмӕ ӕнусон къуыбырты зынаргъ лӕвӕрттӕ,
16 Зӕххы зынаргъ лӕвӕрттӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕркӕдтӕ+,
Сындзы къутӕры Чи фӕзынд, уый хорзӕх ӕй уӕд+.
Хайджын сӕ уӕд Иосиф+,
Йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый+.
17 Уый у фыццагзад галау рӕсугъд+,
Йӕ сыкъатӕ – хъӕддаг галы сыкъатӕ+.
Уый йӕ сыкъатӕй адӕмтыл фӕстӕмӕ ахӕцдзӕн+,
Се ’ппӕтыл дӕр ахӕцдзӕн суанг зӕххы кӕрӕттӕм.
Йӕ сыкъатӕ – Ефремы дӕсгай минтӕ+,
Йӕ сыкъатӕ – Манассийы минтӕ».
19 Уыдон адӕмты хондзысты хӕхтӕм.
Уым хӕсдзысты рӕстдзинады нывӕндтӕ+.
Уыдон сӕхи ӕфсаддзысты денджызты ӕнӕкӕрон хъӕздыгдзинӕдтӕй+
Ӕмӕ змисы ӕмбӕхст хӕзнатӕй».
20 Гадӕй та загъта+:
«Арфӕгонд у, Гады арӕнтӕ чи уӕрӕхдӕр кӕны, уый+.
Гад цӕрдзӕн, домбай куыд цӕры, афтӕ+,
Ныппырх-иу кӕндзӕн йӕ амӕттагӕн йӕ къух, суанг йӕ тыл дӕр+.
21 Йӕхицӕн равзардзӕн хуыздӕр зӕхх+.
Уым ис закъонӕвӕрӕджы хай+.
Адӕмӕн сӕ хистӕртӕ ӕрӕмбырд уыдзысты,
Ӕмӕ уый архайдзӕн Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ,
Ӕххӕст ын кӕндзӕн йӕ тӕрхӕттӕ Израилы тыххӕй».
23 Неффалимӕй та загъта+:
«Неффалим ӕфсӕст у Йегъовӕйы хорзӕхӕй,
Дзаг у йӕ арфӕдзинӕдтӕй.
Бацахс ныгуылӕн ӕмӕ хуссар»+.
24 Асирӕй та загъта+:
«Асир у арфӕгонд, ис ын бирӕ фырттӕ+.
Уадз ӕмӕ йе ’фсымӕрты хорзӕх ссарӕд+
Ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сойы тулӕд+.
25 Ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы – дӕ кулдуары ӕхгӕнӕнтӕ+,
Цӕрӕнбонты уыдзынӕ ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕт.
26 Ничи у Йешуруны+ ӕцӕг Хуыцауы хуызӕн+.
Арвыл дӕм фӕцӕуы ӕххуысмӕ+,
Фӕцӕуы йе стыр кадимӕ ӕрвон мигътыл+.
27 Раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау у де ’мбӕхсӕн+,
Уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй+.
Де знӕгты дын дӕ разӕй фӕсурдзӕн+
Ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“+