Псалом
149 Кадджын кӕнут Йагъы!+
Зарут Йегъовӕйӕн ног зарӕг+,
Кӕнут ын кады зарджытӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ӕмбырды+.
4 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ адӕм хӕссынц циндзинад+.
Сабыртыл рӕсугъд уӕлӕдарӕсау скӕны ирвӕзындзинад+.
5 Иузӕрдион ыл чи у, уыдон цин кӕнӕнт сӕ кадыл,
Сӕ хуыссӕнты фырцинӕй зарӕнт+.
6 Сӕ дзыхӕй хъуысӕнт Хуыцауы кады зарджытӕ+,
Сӕ къухы уӕд дыууӕкомон хъама+,
7 Цӕмӕй адӕмтӕй сӕ маст райсой+,
Адӕмыхӕттыты бафхӕрой+,
8 Цӕмӕй сын сӕ паддзӕхты рӕхыстӕй сбӕттой+,
Сӕ кадджын лӕгтыл сын ӕфсӕйнаг хъадамантӕ бакӕной,
9 Цӕмӕй сыл сӕххӕст кӕной фыст тӕрхон+.
Уыцы кадӕй хайджын сты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+