Дыккаг закъон
7 Ӕппынфӕстаг уӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕхмӕ куы бакӕна+, уӕд уын уӕ разӕй фӕсурдзӕн стыр адӕмты+: хетты+, гергесейты+, аморейты+, ханаайнӕгты+, ферезейты+, евейты+ ӕмӕ йевусейты+ – авд адӕмыхатты. Уыдон сымахӕй фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты+. 2 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын сӕ уӕ къухмӕ ратдзӕн ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзыстут+. Хъуамӕ сӕ сӕфты хай бакӕнат+. Семӕ бадзырд ма скӕнут ӕмӕ сын тӕригъӕд дӕр ма фӕкӕнут+. 3 Стӕй сӕ хӕстӕгӕн дӕр ма агурут. Сӕ лӕппутӕн сын чызг ма дӕттут, ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ лӕппутӕн ма курут+. 4 Уыдон уын уӕ лӕппуты ӕмӕ уӕ чызджыты Хуыцауӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдайдзысты+. Ӕмӕ уӕм уӕд Йегъовӕйы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ уайтагъд фесафдзӕн+.
5 Афтӕ сын бакӕнут: сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут+, сӕ кувӕн дуртӕ сын ныссӕттут+, сӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ сын афӕлдахут+ ӕмӕ сын сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ басудзут+. 6 Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм+. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ, зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй сымах равзӕрста, цӕмӕй суат йӕ адӕм – уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм+.
7 Йегъовӕйӕн зынаргъ уый тыххӕй нӕ уыдыстут ӕмӕ уӕ уый тыххӕй нӕ равзӕрста, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕй сымахӕй стырдӕр адӕм нӕ уыд+ – сымах се ’ппӕтӕй дӕр къаддӕр уыдыстут+. 8 Фӕлӕ уӕ Йегъовӕ уый тыххӕй равзӕрста, ӕмӕ уӕ уарзгӕ кӕны+, стӕй, уӕ фыдӕлтӕн цӕй тыххӕй расомы кодта, уый ӕххӕст кӕны+. Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ уый тыххӕй ракодта йӕ фидар къухӕй+ ӕмӕ уӕ ссӕрибар кодта, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*+, фервӕзын уӕ кодта фараоны, Египеты паддзахы, къухӕй. 9 Сымах ӕй зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау+, иузӕрдион Хуыцау+. Чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдоны тыххӕй уый ӕххӕст кӕны йӕ бадзырд+ ӕмӕ сын хай кӕны йе ’нувыд уарзтӕй суанг мин фӕлтӕрмӕ дӕр+. 10 Йе сӕфт дзы чи уыны, уыдонӕн та бакӕны, цы сын ӕмбӕлы, уый – фесафы сӕ+. Уый ракӕ-бакӕ нӕ кӕндзӕн, йе сӕфт дзы чи уыны, уыимӕ, фӕлӕ йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕндзӕн. 11 Ӕз уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттыл фидар хӕцут, ӕххӕст сӕ кӕнут+.
12 Ацы закъӕттӕм куы хъусат, фидар сыл куы хӕцат ӕмӕ сӕ куы ’ххӕст кӕнат+, уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, ӕххӕст кӕндзӕн йӕ бадзырд+ ӕмӕ уын хай кӕндзӕн йе ’нувыд уарзтӕй, уӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ+. 13 Ӕмӕ уӕ уарздзӕн ӕмӕ уын арфӕ кӕндзӕн+ ӕмӕ уӕ сбирӕ кӕндзӕн+. Сымахӕн ӕй кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй уӕ фыдӕлтӕн кӕмӕй расомы кодта, уыцы зӕххыл уын раарфӕ кӕндзӕн+. Ахӕм арфӕ уын ракӕндзӕн, ӕмӕ уын уыдзӕн бирӕ зӕнӕг+ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад+ – хор, ног сӕн ӕмӕ сой,– стӕй бирӕ стурвос ӕмӕ лыстӕг фос+. 14 Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах хуызӕн арфӕгонд ничи уыдзӕн+. Нӕ уӕм уыдзӕн нӕдӕр ӕнӕзӕнӕг нӕлгоймаг, нӕдӕр ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг, нӕ уӕм уыдзӕн хуыскъ фос дӕр+. 15 Йегъовӕ уӕм иу низ дӕр хӕстӕг не ’рбауадздзӕн. Египеты цы фыднизтӕ зыдтат, уыдонӕй уыл иу дӕр нӕ бафтаудзӕн+, фӕлӕ сӕ бафтаудзӕн, сымахӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уына, уыдоныл. 16 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, уыцы адӕмты се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдут+. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут+. Ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма кувут+, уымӕн ӕмӕ уын уый суыдзӕн къӕппӕг+.
17 Чи зоны, уӕхинымӕр зӕгъат, ацы адӕмтӕ тынг бирӕ сты, ӕмӕ сӕ куыд фӕсурдзыстӕм, зӕгъгӕ+,– 18 фӕлӕ сӕ ма тӕрсут+. Макуы уӕ ферох уӕд, уӕ Хуыцау Йегъовӕ фараонӕн ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр цы бакодта, уый+. 19 Уӕхи цӕстӕй федтат стыр фӕлварӕнтӕ+, ӕмӕ уӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ уырдыгӕй ракодта+ нысӕнтты, диссӕгты+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонджы фӕрцы+. Афтӕ бакӕндзӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ, кӕмӕй тӕрсут, уыцы адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 20 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын сӕ ныфс асӕтдзӕн+ ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ, чи ма дзы баззайа+ ӕмӕ дзы сымахӕй чи бамбӕхса, уыдон иууылдӕр нӕ фесӕфой, уӕдмӕ. 21 Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ – адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр Хуыцау+ – ис уе ’хсӕн+.
22 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уыцы адӕмты гыццылгай уӕ разӕй фӕсурдзӕн+. Уайтагъд сӕ нӕ ныццӕгъддзыстут, науӕд дзы хъӕддаг сырдтӕ сбирӕ уыдзысты ӕмӕ уӕ ӕнцад нӕ уадздзысты. 23 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕ уӕ къухмӕ ратдзӕн, кӕрӕдзи мидӕг сӕ схӕццӕ кӕндзӕн ӕмӕ сӕ лидзӕг фӕкӕндзӕн, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уой+. 24 Сӕ паддзӕхты уын уӕ къухмӕ ратдзӕн+, ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ дӕр хъуамӕ фесафат зӕххы цъарӕй*+. Уӕ ныхмӕ фӕлӕууын ничи бафӕраздзӕн+, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзыстут+. 25 Сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ сын басудзут+. Ма бабӕллут, цы ӕвзист ӕмӕ сыл цы сызгъӕрин ис, уымӕ+ ӕмӕ йӕ ма райсут+, науӕд уын уый суыдзӕн къӕппӕг+. Уыдӕттӕ ӕлгъаг сты+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты. 26 Дӕ хӕдзармӕ, ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй мацы бахӕсс, кӕннод дӕхӕдӕг дӕр уыйау сӕфты хай бауыдзынӕ. Дӕ удӕн ӕнад уӕд ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕн+, уымӕн ӕмӕ уый хъӕуы сӕфты хай бакӕнын+.