Псалом
95 Ӕрцӕут, фырцинӕй ныззарӕм Йегъовӕйӕн!+
Фырцинӕй хъӕр кӕнӕм ӕмӕ зарӕм нӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхӕн+.
3 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у стыр Хуыцау+
Ӕмӕ стыр Паддзах – уый у ӕппӕт хуыцӕуттӕй дӕр уӕлдӕр+.
4 Йӕ къухы сты зӕххы ӕрфытӕ+,
Ӕмӕ уый сты хӕхты цъуппытӕ дӕр+.
5 Уый у, кӕй скодта, уыцы денджыз+,
Ӕмӕ сурзӕхх дӕр йӕ къухтӕ скодтой+.
7 Уый у нӕ Хуыцау, мах та стӕм йӕ адӕм, кӕй хизы ӕмӕ кӕуыл тыхсы, уыцы фыстӕ+.
Абон, кӕд ын йӕ хъӕлӕс хъусут+,
8 Уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ Меривӕйы куыд бакодтой+,
Ӕдзӕрӕг быдыры Массӕйы* бон куыд бакодтой, афтӕ+.
9 Уыдон мӕ фӕлвӕрдтой+.
Фӕлвӕрдтой мӕ, кӕд мын мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр+.