Райдиан
28 Уӕд Исахъ фӕдзырдта Иаковмӕ, раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста: «Ханаайнаг чызг ма ракур+. 2 Фӕлӕ ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мадыфыд Вафуилы хӕдзармӕ, ӕмӕ дӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй иуы ракур+. 3 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау дын раарфӕ кӕндзӕн, ратдзӕн дын бирӕ зӕнӕг ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзӕн, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ+. 4 Ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта+, уыдон ратдзӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн+ дӕр, цӕмӕй дӕу бауа, ӕрцӕуӕггаг+ кӕуыл дӕ ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн кӕй радта, уыцы зӕхх»+.
5 Уыйадыл Исахъ арвыста Иаковы, ӕмӕ уый араст Паддан-Араммӕ, сириаг Вафуилы фырт Лаванмӕ+ – Иаков ӕмӕ Исавы+ мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ+.
6 Исав федта, Исахъ Иаковӕн кӕй раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ ус курынмӕ Паддан-Араммӕ кӕй арвыста, ӕмӕ йын куы раарфӕ кодта, уӕд ын кӕй бафӕдзӕхста, ханаайнаг чызг ма ракур, зӕгъгӕ+. 7 Федта уый дӕр, ӕмӕ Иаков йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ кӕй ацыд Паддан-Араммӕ+. 8 Ӕмӕ уӕд Исав бамбӕрста, ханаайнаг чызджытӕ йӕ фыд Исахъы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц+. 9 Ӕмӕ ацыд Измаилы хӕдзармӕ, ӕмӕ ма йӕхи устытӕй уӕлдай ноджыдӕр ракуырдта+ Махалафӕйы, Авраамы фырт Измаилы чызджы, Наваиофы хойы.
10 Иаков та ацыд Вирсавийӕ ӕмӕ йӕ фӕндаг сарӕзта Харранмӕ+. 11 Цасдӕры фӕстӕ бахӕццӕ иу бынатмӕ ӕмӕ, хур кӕй аныгуылд, уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕв уым баззад. Уыцы ран цы дуртӕ уыди, уыдонӕй иу райста, йӕ сӕры бын ӕй бакодта ӕмӕ ӕрхуыссыд+. 12 Ӕмӕ фыны федта+, цыма зӕххыл лӕууы асин, йӕ кӕрон та ӕндзӕвы арвыл, ӕмӕ уыцы асиныл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ ӕмӕ дӕлӕмӕ хизынц+. 13 Асины сӕрмӕ та лӕууы Йегъовӕ ӕмӕ дзуры+:
«Ӕз дӕн Йегъовӕ, дӕ фыд Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исахъы Хуыцау+. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ӕз ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн+. 14 Ӕмӕ зӕххыл рыг куыд бирӕ ис, афтӕ сбирӕ уыдзӕн дӕ байзӕддаг+, ӕмӕ дӕ цот ахӕлиу уыдзысты скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм, цӕгатырдӕм ӕмӕ хуссарырдӕм+. Ӕмӕ дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр+. 15 Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕ дӕ фӕндагыл алы ран дӕр хъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, цы дын загътон, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзынӕн»+.
16 Иаков куы райхъал, уӕд загъта: «Йегъовӕ ацы бынаты куы ис, ӕмӕ йӕ ӕз та куы нӕ зыдтон». 17 Ӕмӕ дзы тас бацыд ӕмӕ загъта+: «Ацы бынат адӕймагыл мӕнӕ цы тас ӕфтауы!+ Ай ӕнӕмӕнг Хуыцауы хӕдзар+ у, ай у арвы дуар». 18 Гъемӕ райсомӕй раджы сыстад, йӕ сӕры бын цы дур уыди, уый райста, зӕххы йӕ нысанӕн ӕрсагъта ӕмӕ йыл сой рауагъта+. 19 Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Вефил*+. Раздӕр та уыцы горӕт хуынди Луз+.
20 Уыцы ран Иаков расомы кодта+: «Кӕд Хуыцау мемӕ уа ӕмӕ мӕ мӕ фӕндагыл хъахъхъӕна, дзул ӕмӕ мын уӕлӕдарӕс дӕтта+, 21 ӕмӕ кӕд мӕ фыды хӕдзарыл фӕстӕмӕ дзӕбӕхӕй сӕмбӕлон, уӕд ӕй базондзынӕн, Йегъовӕ мӕ Хуыцау кӕй у*+. 22 Ӕмӕ, зӕххы нысанӕн кӕй ӕрсагътон, уыцы дур суыдзӕн Хуыцауы хӕдзар+, ӕмӕ мын цыдӕриддӕр раттай, уыдонӕй алцӕмӕй дӕр дӕсӕм хай ратдзынӕн дӕуӕн»+.