Райдиан
33 Цасдӕры фӕстӕ Иаков акаст, ӕмӕ дын уӕртӕ Исав ӕрбацӕуы цыппарсӕдӕ адӕймагимӕ+. Ӕмӕ уӕд Лийӕйӕн, Рахилӕн ӕмӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймагӕн загъта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ракӕной+. 2 Ӕмӕ ӕппӕты разӕй слӕууын кодта лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты сӕ сывӕллӕттимӕ+, стӕй Лийӕйы йӕ сывӕллӕттимӕ+, ӕмӕ се ’ппӕты фӕстӕ та – Рахил ӕмӕ Иосифы+. 3 Йӕхӕдӕг та ацыд сӕ разӕй, ӕмӕ цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг авд хатты акуывта+.
4 Уӕд Исав азгъордта Иаковы размӕ+, ныхъхъӕбыс ын кодта+, йӕ хъуырыл ын ныттыхстис ӕмӕ йын пъатӕ кодта, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр куыдтой. 5 Исав йӕ сӕрыл куы схӕцыд ӕмӕ сылгоймӕгты сывӕллӕттимӕ куы федта, уӕд Иаковы бафарста: «Адон та дын чи сты?» Иаков ын дзуапп радта: «Адон мӕ сывӕллӕттӕ сты, Хуыцау сӕ радта дӕ цагъарӕн»+. 6 Ӕмӕ уӕд лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ сӕ сывӕллӕттимӕ Исавы размӕ бацыдысты ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой. 7 Уый фӕстӕ йӕм бацыд Лийӕ дӕр йӕ сывӕллӕттимӕ, ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой. Фӕстагмӕ та йӕм бацыдысты Иосиф ӕмӕ Рахил, ӕмӕ йын уыдон дӕр сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+.
8 Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Исав бафарста: «Ӕппӕт уыцы дзугтӕ ӕмӕ адӕмы та цӕмӕн рарвыстай?»+ Иаков ын дзуапп радта: «Цӕмӕй мӕ буц хицауы хорзӕх ссарон»+. 9 Уӕд ын Исав загъта: «Ме ’фсымӕр, мӕнмӕ алцыдӕр бирӕ ис+. Уадз сӕ дӕхицӕн». 10 Фӕлӕ йын Иаков загъта: «Нӕ. Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон+, уӕд дӕ курӕг дӕн, айс мӕ къухӕй уыцы лӕвар. Ды мыл тынг бацин кодтай, ӕмӕ мын дӕ фенд уыди Хуыцауы фендау+. 11 Дӕ хорзӕхӕй, айс мын мӕ лӕвар, мӕ зӕрдӕ дын хорздзинад кӕй зӕгъы, уый номыл+. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис»+. Ӕмӕ йын афтӕ тынг лӕгъстӕ кодта, ӕмӕ Исав дӕр сразы+.
12 Стӕй йын Исав загъта: «Цӕй уӕдӕ ныр ацӕуӕм. Ӕз ацӕудзынӕн дӕ разӕй». 13 Фӕлӕ йын Иаков дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, ды йӕ зоныс, сывӕллӕттӕ нырма гыццылтӕ сты ӕмӕ сӕ бон уыйбӕрц нӕу. Стӕй мӕм ис ногзӕддаг фыстӕ ӕмӕ хъуццытӕ+, ӕмӕ сӕ иу бон дӕр тагъд куы фӕтӕрӕм, уӕд мӕ фос иууылдӕр фӕцагъды уыдзысты+. 14 Мӕ буц хицау, ацу дӕ цагъары разӕй. Ӕз та цӕудзынӕн сындӕггай, мӕ разӕй мӕ фос куыд цӕуой+, стӕй сывӕллӕттӕ куыд цӕуой, афтӕ+. Ӕмӕ мӕ буц хицауы Сеиры баййафдзынӕн»+. 15 Уӕд ын Исав загъта: «Уӕд та дын демӕ мӕ адӕмӕй цалдӕры ныууадзон». Фӕлӕ йын Иаков загъта: «Нӕ, нӕ хъӕуы. Дӕхи цы тыхсын кӕныс? Мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн»+. 16 Уӕд Исав уыцы бон фӕстӕмӕ Сеирмӕ аздӕхт.
17 Иаков та ацыд Сокхофмӕ*+, ӕмӕ уым йӕхицӕн хӕдзар сарӕзта, йӕ фосӕн та – халагъудтӕ+. Уыцы бынат Сокхоф дӕр уымӕн схуыдта.
18 Паддан-Арамӕй+ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ Иаков сӕрӕгасӕй ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй бахӕццӕ Ханааны зӕхмӕ+, горӕт Сихеммӕ+, ӕмӕ йӕ цатыртӕ уым горӕты раз ӕрӕвӕрдта. 19 Уый фӕстӕ Сихемы фыд Емморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ балхӕдта, йӕ цатыр кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы зӕхх+. 20 Ӕмӕ уым скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта «Хуыцау у Израилы Хуыцау»+.