Иов
35 Елиуй йӕ ныхас адарддӕр кодта ӕмӕ загъта:
2 «Ды уый рӕстдзинадыл нымайыс?
Ды зӕгъыс: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн“+.
3 Стӕй ма дзурыс: „Раст кӕй дӕн, уымӕй цы пайда ис?+
Тӕригъӕдтӕ куы арӕзтаин, уымӕй уӕлдай мын уый исты пайда хӕссы?“+
4 Ӕз ӕй зӕгъдзынӕн дӕуӕн дӕр
Ӕмӕ де ’мбӕлттӕн+ дӕр.
6 Кӕд тӕригъӕдджын митӕ кӕныс, уӕд уый ныхмӕ цы аразыс?+
Кӕд дӕ фыдракӕндтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, уӕд дзы уымӕн ӕвзӕрӕй цы кӕныс?
8 Дӕ фыддзинад дӕр уыдзӕн дӕхи хуызӕн адӕймаджы ныхмӕ+,
Ӕмӕ дӕ рӕстдзинад дӕр – зӕххон адӕймаджы фырты пайдайӕн+.
9 Адӕм бирӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй сидынц ӕххуысмӕ+,
Сӕ хицӕутты къух сыл кӕй уӕз кӕны, уый тыххӕй ӕххуысмӕ дзыназынц+.
10 Фӕлӕ уӕддӕр ничи фӕзӕгъы: „Кӕм ис ме сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау+,
Ӕхсӕвы зарджытӕ чи зарын кӕны, уый?+“
12 Ӕфхӕрд чи ’ййафы, уыдон дзыназынц, фӕлӕ сын уый дзуапп нӕ дӕтты+,
Уымӕн ӕмӕ сты ӕвзӕр ӕмӕ сӕрбӕрзонд+.
14 Ӕмӕ дӕ уӕд куыд хъуамӕ хъуса, кӕд ӕмӕ афтӕ зӕгъыс, нӕ йӕ уынын, зӕгъгӕ!+
Тӕрхоны хъуыддаг йӕ разы ис, ӕмӕ Йӕм ныр хъуамӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсай+.
15 Мӕстӕй судзгӕйӕ дӕ дзуапп кӕй не ’рдомдта+,
Уый тыххӕй дын дӕ сонт, де ’нӕрхъуыды ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта+.
16 Иов дзӕгъӕлы кӕны ахӕм стыр ныхӕстӕ.
Хъуыддаг нӕ зоны, афтӕмӕй дзуры ӕмӕ дзуры»+.