Нымӕцтӕ
13 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Арвит адӕмы, цӕмӕй басгарой Ханааны зӕхх, Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхх+. Алы мыггагӕй дӕр арвитут иу лӕджы, алчидӕр сӕ хъуамӕ уа йӕ мыггаджы хистӕртӕй»+.
3 Ӕмӕ сӕ Моисей дӕр Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ арвыста Фараны ӕдзӕрӕг быдырӕй+. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр уыдысты Израилы фыртты хистӕртӕ. 4 Мӕнӕ сӕ нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй Шаммуй, Заккуры фырт; 5 Симеоны мыггагӕй Сафат, Хорийы фырт; 6 Иудӕйы мыггагӕй Халев+, Йефоннийы фырт; 7 Иссахары мыггагӕй Игал, Иосифы фырт; 8 Ефремы мыггагӕй Оси*+, Навины фырт; 9 Вениамины мыггагӕй Фалти, Рафуйы фырт; 10 Завулоны мыггагӕй Гаддиил, Содийы фырт; 11 Иосифы мыггагӕй+ – Манассийы мыггагӕй+ – Гадди, Сусийы фырт; 12 Даны мыггагӕй Амиил, Гемаллийы фырт; 13 Асиры мыггагӕй Сефур, Михаилы фырт; 14 Неффалимы мыггагӕй Нахби, Вофсийы фырт; 15 Гады мыггагӕй Геуил, Махийы фырт. 16 Адон сты, Моисей Ханааны зӕхх басгарынмӕ кӕй арвыста, уыцы нӕлгоймӕгты нӕмттӕ. Навины фырт Осийы Моисей хуыдта Йесо*+.
17 Моисей сӕ Ханааны зӕхх сгарынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын загъта: «Ацӕут Негевмӕ+, уый фӕстӕ та-иу ссӕут хӕхбӕстӕм+. 18 Фенут, цавӕр зӕхх у+, цавӕр адӕм дзы цӕры: тыхджын сты ӕви лӕмӕгъ, бирӕ сты ӕви гыццыл. 19 Кӕм цӕрынц, уыцы зӕхх цавӕр у: хорз ӕви ӕвзӕр. Цавӕр сты, цы горӕтты цӕрынц, уыдон: цатырты цӕрынц ӕви фидаргонд горӕттӕ сты. 20 Стӕй базонут, йӕ зӕхх хъӕздыг у ӕви мӕгуыр+, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ. Ма-иу тӕрсут+ ӕмӕ-иу уыцы зӕххы дыргътӕй уемӕ рахӕссут». Уый та уыди, фыццаг сӕнӕфсир куы сцӕттӕ вӕййы, уыцы афон+.
21 Уыдон ацыдысты ӕмӕ басгӕрстой уыцы зӕхх Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй+ суанг Реховы онг+, Хаматы арӕнты онг+. 22 Схӕццӕ сты Негевмӕ+, уый фӕстӕ та ссыдысты Хевронмӕ+. Уым цардысты Енакы+ байзӕддӕгтӕ – Ахиман, Шешай ӕмӕ Фалмай+. Хеврон+ арӕзт ӕрцыд, Египеты цы Цоан+ ис, уымӕй авд азы раздӕр. 23 Ешколы дӕлвӕзмӕ+ куы ’рцыдысты, уӕд дзы ралыг кодтой сӕнӕфсиры къалиу иу цупалимӕ+. Ӕмӕ йӕ дыууӕ лӕгӕй хастой хъилыл ауыгъдӕй. Семӕ ма рахастой гранаттӕ+ ӕмӕ легъуитӕ дӕр. 24 Уыцы бынат схуыдтой Ешколы* дӕлвӕз+, Израилы фырттӕ дзы цы цупал ралыг кодтой, уый тыххӕй.
25 Цыппор боны фӕстӕ+, зӕхх сгӕрст куы фесты, уӕд, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. 26 Ӕмӕ Фараны ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Кадесмӕ+ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ӕрбацыдысты Моисеймӕ, Ааронмӕ ӕмӕ Израилы фырттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын хабӕрттӕ ракодтой, стӕй сын равдыстой, уыцы зӕххыл цы дыргътӕ зайы, уыдон. 27 Уыдон Моисейӕн радзырдтой: «Кӕдӕм нӕ арвыстай, уыцы зӕхмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы ӕцӕгдӕр кӕлы ӕхсыр ӕмӕ мыд+, мӕнӕ адон та йӕ дыргътӕ+. 28 Фӕлӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдон сты тыхджын, сӕ фидаргонд горӕттӕ сты тынг стыр+, стӕй дзы федтам Енакы байзӕддӕгты+. 29 Негевы+ зӕххыл цӕрынц амаликӕгтӕ+, хӕхбӕсты цӕрынц хеттӕ, йевусейтӕ+ ӕмӕ аморейтӕ+, денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты та цӕрынц ханаайнӕгтӕ»+.
30 Уӕд Халев+ адӕмы сабыр кӕнын байдыдта, цӕмӕй Моисеймӕ байхъуыстаиккой, ӕмӕ загъта: «Цомут ныртӕккӕ дӕр, ӕмӕ уыцы зӕхх бацахсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ бон у байсын»+. 31 Фӕлӕ йемӕ чи уыд, уыдон загътой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ рацӕуын нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдон махӕй тыхджындӕр сты»+. 32 Ӕмӕ Израилы фырттӕн уыцы зӕххӕй ӕвзӕр+ йеддӕмӕ ницы дзырдтой: «Цы зӕхх сгарынмӕ ацыдыстӕм, уыцы зӕхх йӕ цӕрджыты ныхъуыргӕ кӕны, ӕмӕ дзы цы адӕмы федтам, уыдон иууылдӕр сты ӕнахуыр стыр+. 33 О, мах дзы федтам уӕйгуыты*, Енакы фыртты+, уӕйгуыты байзӕддӕгты. Ӕмӕ сӕ разы нӕхимӕ цъырцъырӕгты хуызӕн фӕкастыстӕм, ӕмӕ сӕ цӕсты дӕр цъырцъырӕгтӕй уӕлдай нӕ уыдыстӕм»+.