Ездрӕ
8 Адон сты, паддзах Артаксерксы рӕстӕджы мемӕ Вавилонӕй чи рацыд+, уыцы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+. Фыст сты сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+: 2 Финеесы фырттӕй+ – Гирсон; Ифамары фырттӕй+ – Данел+; Давиды фырттӕй+ – Хаттуш; 3 Шеханийы фырттӕй, Парошы+ фырттӕй – Захари ӕмӕ йемӕ йӕ хӕдзарвӕндагӕй сӕдӕ фӕндзай нӕлгоймаджы; 4 Пахаф-Моавы фырттӕй+ – Зерахийы фырт Елегоенай ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ нӕлгоймаджы; 5 Заффуйы фырттӕй+ – Иахазиилы фырт Шехани ӕмӕ йемӕ ӕртӕсӕдӕ нӕлгоймаджы; 6 Адины фырттӕй+ – Ионафаны фырт Евед ӕмӕ йемӕ фӕндзай нӕлгоймаджы; 7 Еламы фырттӕй+ – Гофолийы фырт Йешайӕ ӕмӕ йемӕ ӕвдай нӕлгоймаджы; 8 Сафатийы фырттӕй+ – Михаилы фырт Зевади ӕмӕ йемӕ ӕстай нӕлгоймаджы; 9 Иоавы фырттӕй – Йехиилы фырт Овади ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ ӕстдӕс нӕлгоймаджы; 10 Ванийы фырттӕй+ – Иосифийы фырт Шеломиф ӕмӕ йемӕ сӕдӕ ӕхсай нӕлгоймаджы; 11 Бевайы фырттӕй – Бевайы фырт+ Захари ӕмӕ йемӕ дыууын аст нӕлгоймаджы; 12 Азгады фырттӕй+ – Гаккатаны фырт Иоханан ӕмӕ йемӕ сӕдӕ дӕс нӕлгоймаджы; 13 Адоникамы фырттӕй+, фӕстӕгтӕ чи уыдысты, уыдон сӕ нӕмттӕм гӕсгӕ – Елифелет, Йеиел, Шемайӕ ӕмӕ семӕ ӕхсай нӕлгоймаджы; 14 Бигвайы фырттӕй+ – Уфай ӕмӕ Заббуд ӕмӕ семӕ ӕвдай нӕлгоймаджы.
15 Се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтон, Агавӕйы+ ’рдӕм чи цӕуы, уыцы цӕугӕдоны+ раз, ӕмӕ ӕртӕ боны уым лӕууыдыстӕм. Уым адӕмыл+ ӕмӕ сауджынтыл+ ӕрзылдтӕн, фӕлӕ дзы Левийы фырттӕй+ иуы дӕр не ссардтон. 16 Ӕмӕ уӕд арвыстон хистӕртӕм – Елиезермӕ, Ариилмӕ, Шемайӕмӕ, Елнафанмӕ, Иаривмӕ, Елнафанмӕ, Нафанмӕ, Захаримӕ ӕмӕ Мешулламмӕ, стӕй зондамонджытӕм – Иойаривмӕ ӕмӕ Елнафанмӕ+. 17 Ӕмӕ сын бафӕдзӕхстон, цӕмӕй Иддомӕ – Касифийы хистӕр чи уыд, уымӕ,– ацыдаиккой ӕмӕ Иддойӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, Касифийы цӕрӕг нефинейтӕн+, загътаиккой+, нӕ Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕна+, ахӕмты нӕм ӕркӕнут, зӕгъгӕ. 18 Ӕмӕ нын нӕ Хуыцау кӕй ӕххуыс кодта*+, уый фӕрцы нӕм ӕркодтой Израилы фырт Левийӕн йӕ фыртыфырт+ Махлийы фырттӕй+ иу ӕмбаргӕ+ адӕймаджы, Шереви+, зӕгъгӕ, ӕмӕ йемӕ йӕ фыртты ӕмӕ йе ’фсымӕрты – ӕдӕппӕтӕй ӕстдӕс адӕймаджы; 19 Мерарийы фырттӕй+ Хашавийы ӕмӕ Йешайӕйы, йе ’фсымӕрты ӕмӕ сӕ фыртты – ӕдӕппӕтӕй дыууын адӕймаджы; 20 стӕй нефинейтӕй – Давид ӕмӕ кънйӕзтӕ левиттӕн ӕххуысӕн кӕй радтой, уыдонӕй,– дыууӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы, се ’ппӕт дӕр нымад уыдысты номгай.
21 Ӕмӕ уым Агавӕйы цӕугӕдоны раз ӕз загътон, зӕгъгӕ, ком дарӕм, нӕ Хуыцауы раз нӕхи ӕрныллӕг кӕнӕм+ ӕмӕ дзы ракурӕм, цӕмӕй нӕ рӕствӕндаг фӕкӕна+ ӕмӕ бынатмӕ дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ уӕм нӕхӕдӕг дӕр, нӕ сывӕллӕттӕ+ дӕр ӕмӕ нӕ исбон дӕр. 22 Афтӕ уый тыххӕй бакодтон, ӕмӕ мӕм худинаг каст фӕндагыл нӕхи знӕгтӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй паддзахӕй ӕфсӕдтӕ+ ӕмӕ барджытӕ+ ракурын, уымӕн ӕмӕ паддзахӕн афтӕ загътам: „Нӕ Хуыцау ӕххуыс кӕны*+ ӕмӕ хорздзинад аразы, чи йӕ агуры+, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, чи йӕ ныууадзы+, уыдоны та се ’ппӕты дӕр йӕ фыдӕх баййафы“+. 23 Гъемӕ ком дардтам+ ӕмӕ нӕ Хуыцауӕй куырдтам+, рӕствӕндаг нӕ фӕкӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ нын нӕ лӕгъстӕ фехъуыста+.
24 Уый фӕстӕ сауджынты хистӕртӕй равзӕрстон дыууадӕс адӕймаджы: Шеревийы+, Хашавийы+ ӕмӕ се ’фсымӕртӕй дӕс адӕймаджы. 25 Ӕмӕ паддзах+, йӕ уынаффӕгӕнджытӕ+, йӕ кънйӕзтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр+ Хуыцауы хӕдзарӕн мысайнагӕн цы ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ радтой+, уыдон сбарстон ӕмӕ сӕм сӕ радтон. 26 Сӕ къухмӕ сын барстӕй радтон ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай таланты* ӕвзист+, сӕдӕ ӕвзист мигӕнӕны – уыдысты дыууӕ таланты аргъ, сӕдӕ таланты сызгъӕрин, 27 дыууын гыццыл сызгъӕрин къусы – уыдысты иу мин дарикы* аргъ, ӕмӕ, сызгъӕринау зынаргъ чи уыд, дыууӕ ахӕм мигӕнӕны та хуыздӕр, ӕрттиваг-сырх ӕрхуыйӕ.
28 Стӕй сын загътон: «Сымах Йегъовӕйы раз стут сыгъдӕг+, ӕмӕ мигӕнӕнтӕ+ дӕр сыгъдӕг сты, ацы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин та сты мысайнаг уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕн. 29 Кӕсут, къӕрцхъус ут, цалынмӕ сӕ Иерусалимы сауджынты ӕмӕ левитты хистӕрты раз ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты кънйӕзты раз не сбарат+ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары хӕрӕндӕттӕм+ нӕ раттат, уӕдмӕ». 30 Ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ барстӕй райстой, цӕмӕй сӕ Иерусалиммӕ нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ ахастаиккой+.
31 Ӕппынфӕстаг фыццаг мӕйы+ дыууадӕсӕм бон Агавӕйы+ цӕугӕдоны разӕй Иерусалиммӕ араст стӕм. Нӕ Хуыцау нын ӕххуыс кодта*, ӕмӕ нӕ не знӕгты къухӕй ирвӕзын кодта+ ӕмӕ, фӕндагыл нӕ размӕ чи бабадт, уыдонӕй нӕ хъахъхъӕдта. 32 Гъемӕ Иерусалиммӕ ӕрхӕццӕ стӕм+ ӕмӕ уым ӕртӕ боны фестӕм. 33 Цыппӕрӕм бон та ӕвзист, сызгъӕрин+ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ+ нӕ Хуыцауы хӕдзары сбарстам ӕмӕ сӕ сауджын Меремофмӕ+ – Урийы фыртмӕ – ӕмӕ Финеесы фырт Елеазармӕ радтам. Семӕ уыдысты левиттӕ дӕр – Йешуайы фырт Иозавад+ ӕмӕ Биннуйы+ фырт Ноади. 34 Алцыдӕр банымадтам ӕмӕ сбарстам, стӕй, сӕ уӕз цас уыд, уый ныффыстам. 35 Уацарӕй чи ӕрыздӕхт+, уыдон Израилы Хуыцауӕн ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ+: дыууадӕс галы+ ӕгас Израилы тыххӕй, нӕуӕдз ӕхсӕз фыры+, ӕвдай авд нӕл уӕрыччы ӕмӕ дыууадӕс нӕл сӕгъы+ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн – ӕппӕт дӕр ӕрхастой Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн.
36 Уый фӕстӕ, паддзах цы бафӕдзӕхста+, уый сатраптӕм*+ ӕмӕ, Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы хицӕуттӕ+ уыд, уыдонмӕ фӕхӕццӕ кодтам, ӕмӕ уыдон дӕр адӕмӕн+ ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзарӕн ӕххуыс кӕнын райдыдтой.