Йезекил
30 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта: 2 «Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ+: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕрдиаг кӕнут, дзурут, бабын стӕм, уыцы бон ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ+. 3 Уымӕн ӕмӕ уыцы бон хӕстӕг у, о, Йегъовӕйы бон хӕстӕг у+. Уый уыдзӕн мигъты бон+, адӕмтӕн тӕрхоны рӕстӕг+. 4 Египет бауыдзӕн хъамайы амӕттаг+, ӕмӕ Египеты адӕм куы цагъды кӕной, сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ сын куы фӕхӕссой ӕмӕ йын йӕ бындуртӕ куы ныппырх кӕной, уӕд Ефиопи фыррыстӕй ныкъкъӕдзтӕ уыдзӕн+. 5 Семӕ иумӕ хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты Ефиопи+, Фут+, Луд, иннӕ адӕмтӕй дзы чи ис, уыдон иууылдӕр+, Хуб ӕмӕ, бадзырд кӕимӕ у арӕзт, уыцы бӕстӕйы фырттӕ“+.
6 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Египетӕн чи ’ххуыс кӕны, уыдон дӕр фӕцагъды уыдзысты, ӕмӕ йӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ йӕ хъару саст ӕрцӕудзысты“+.
„Йӕ адӕм Мигдолӕй+ суанг Сиенӕйы+ онг хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– 7 Уый суыдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕты астӕу, йӕ горӕттӕ афтид горӕтты астӕу уыдзысты ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн+. 8 Ӕмӕ Египетыл арт куы бафтауон ӕмӕ йын чи ’ххуыс кӕны, уыдонӕй иу дӕр куы нал баззайа, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+. 9 Уыцы бон мӕ хабархӕсджытӕ наутыл ацӕудзысты, цӕмӕй, йӕхицӕй ныфсджын чи у, уыцы Ефиопийыл тас бафтауой+. Ӕмӕ, Египет цы бон сӕфа, уыцы бон фыррыстӕй ныкъкъӕдзтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы бон ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн“+.
10 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз, Египеты цы бирӕ адӕм ис, уыдоны фесафдзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухӕй+. 11 Ӕрбакӕндзынӕн ӕй йӕ адӕмимӕ, адӕмты ’хсӕн цы ӕгъатыр адӕм ис+, уыдонимӕ, цӕмӕй уыцы зӕххыл мацыуал ныууадзой. Ӕмӕ сӕ хъаматӕ Египетмӕ сисдзысты ӕмӕ уыцы зӕхх мӕрдтӕй байдзаг кӕндзысты+. 12 Ӕз Нилы къанӕуттӕ+ бахус кӕндзынӕн ӕмӕ уыцы зӕхх ауӕй кӕндзынӕн фыдадӕмӕн+ ӕмӕ дзы ӕцӕгӕлӕтты къухӕй ницыуал ныууадздзынӕн, йедзаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй йӕ сафтид кӕндзынӕн+. Уый загътон ӕз, Йегъовӕ“+.
13 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз фесафдзынӕн фаджыс-хуыцӕутты+, афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Нофы*+ нал уыдзӕн ницӕйаг хуыцӕуттӕй иу дӕр, ӕмӕ Египеты зӕххӕй хицау нал уыдзӕн. Ӕмӕ Египеты зӕххыл тас бафтаудзынӕн+. 14 Пафрос+ сафтид кӕндзынӕн, Цоаныл+ арт бафтаудзынӕн ӕмӕ Нойы+ мӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. 15 Синыл, Египеты фидар мӕсыгыл, мӕ судзгӕ маст ныккалдзынӕн+ ӕмӕ, Нойы+ цы бирӕ адӕм ис, уыдоны ныццӕгъддзынӕн. 16 Египетыл арт бафтаудзынӕн. Син фыррыстӕй ныкъкъӕдзтӕ уыдзӕн, Нойӕн йӕ къултӕ батондзысты ӕмӕ йӕ бацахсдзысты, Нофы та боныгон уыдзысты знӕгтӕ! 17 Он+ ӕмӕ Бубасты ӕрыгон лӕппутӕ фӕцагъды уыдзысты хъамайӕ, ӕмӕ горӕтты цӕрджыты акӕндзысты уацары. 18 Тафнисы+ бон батар уыдзӕн, Египеты ӕфсондз дзы куы ныппырх кӕнон, уӕд+. Ӕмӕ Египеты саст ӕрцӕудзысты йӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ йӕ хъару+. Тафнис та мигътӕ ӕрбамбӕрздзысты+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты цӕрджыты уацары акӕндзысты+. 19 Ӕз Египеты мӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзынӕн+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“».
20 Иуӕндӕсӕм азы, фыццаг мӕйы, мӕйӕн йе ’вдӕм бон Йегъовӕ мӕнӕн загъта: 21 «Адӕймаджы фырт, ӕз фараоны къух, Египеты паддзахы къух, ныссӕтдзынӕн+. Ӕмӕ йын ӕй ничи бабӕтдзӕн, цӕмӕй байгас уа+, цӕмӕй сфидар уа ӕмӕ йӕ бон уа хъама сисын».
22 «Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз рацӕудзынӕн фараоны, Египеты паддзахы+, ныхмӕ ӕмӕ йын ныссӕтдзынӕн йӕ къухтӕ+, йӕ дзӕбӕх къух дӕр ӕмӕ йӕ саст къух дӕр+, ӕмӕ йӕ хъама йӕ къухӕй ӕрхаудзӕн+. 23 Ӕмӕ египетӕгты алы адӕмты ’хсӕн ныппырх кӕндзынӕн, алы бӕстӕтыл сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн+. 24 Вавилоны+ паддзахы къухтӕ сфидар кӕндзынӕн ӕмӕ йын мӕ хъама йӕ къухмӕ ратдзынӕн+, фараоны къухтӕ та ныссӕтдзынӕн. Ӕмӕ, мӕлӕтдзаг цӕф чи у, уыйау йӕ разы хъӕрздзӕн+. 25 Вавилоны паддзахы къухтӕ сфидар кӕндзынӕн, фараоны къухтӕ та ӕрхаудзысты. Ӕмӕ мӕ хъама Вавилоны паддзахы къухмӕ куы раттон ӕмӕ йӕ Египеты зӕхмӕ куы сиса, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+. 26 Египетӕгты алы адӕмты ’хсӕн ныппырх кӕндзынӕн+, алы бӕстӕтыл сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“».