Псалом
Асафы зарӕг.
79 О Хуыцау, адӕмтӕ дын дӕ бынтӕм бацыдысты+,
Дӕ рухс кувӕндонӕй дын фӕхынджылӕг кодтой+,
Иерусалимӕй дур дурыл нал ныууагътой+.
2 Дӕ лӕггадгӕнджыты мӕрдтӕ радтой уӕларвон мӕргътӕн+,
Иузӕрдион дыл чи уыд, уыдоны буӕрттӕ – зӕххон сырдтӕн+.
3 Сӕ туг сын донау калдтой
Ӕгас Иерусалимы, ӕмӕ сӕ ныгӕнӕг нӕ уыд+.
8 Нӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй нӕ дзуапп ма ’рдом+.
Фӕтагъд кӕн! Барӕвдау нӕ дӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй+,
Уымӕн ӕмӕ нӕм тыхы мур нал ис+.
9 Баххуыс нын кӕн, о нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+,
Дӕ номы кады тыххӕй+.
Фервӕзын нӕ кӕн ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕн дӕ номы тыххӕй+.
10 Цӕмӕн хъуамӕ дзурой адӕмтӕ, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ?+
Нӕхи цӕстӕй нын фенын кӕн, дӕ лӕггадгӕнджыты туг кӕй райстай+,
Уый адӕмтӕ куыд базондзысты, уый+.