Иов
39 Зоныс ӕй, дзӕбидыртӕн* къӕдзӕхты сӕ зайыны афон кӕд ӕрцӕуы, уый?+
Сагтӕ тухӕнтӕ кӕнгӕ куыд ныззайынц+, уый феныс?
2 Фӕнымайыс, сӕ лӕппынты сӕ гуыбыны цал мӕйы фӕхастой?
Фӕзоныс ӕй, сӕ зайыны афон кӕд ӕрцӕуы?
3 Уыдон ныкъкъӕдз вӕййынц, цӕмӕй сӕ лӕппынты раппарой,
Ӕмӕ сӕ тухӕнтӕй фервӕзынц.
4 Сӕ лӕппынтӕ фӕфидар вӕййынц, схъомыл вӕййынц тыгъд быдыры.
Уыдон ацӕуынц ӕмӕ сӕм фӕстӕмӕ нал ӕрбаздӕхынц.
5 Зӕгъ-ма, чи ауагъта зебрӕйы+,
Хъӕддаг хӕрӕгӕн йӕ бӕттӕнтӕ чи райхӕлдта?
6 Уыдонӕн ӕз хӕдзарӕн радтон ӕдзӕрӕг быдыр,
Цӕрӕнбынатӕн – цӕхджын зӕххытӕ+.
7 Уымӕ горӕты тыхст цард худӕг кӕсы,
Йӕ фӕдыл чи зилы+, уый хъӕр нӕ хъусы.
10 Дӕ бон у хъӕддаг галы бӕттӕнтӕй ӕрбӕттын, цӕмӕй дын хуым кӕна,
Науӕд дӕ фӕстӕ дӕлвӕзтӕ похци+ кӕндзӕн?
11 Тынг тыхджын кӕй у, уый тыххӕй йыл дӕ зӕрдӕ дардзынӕ
Ӕмӕ йын дӕ куыстытӕ йӕ бар бакӕндзынӕ?
12 Дӕ зӕрдӕ йыл дардзынӕ, дӕ тыллӕг дын кӕй ӕрбахӕсдзӕн
Ӕмӕ дын ӕй дӕ найгӕнӕн мусы кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн?
13 Сыл страус хъӕлдзӕгӕй йӕ базыртӕ батилы?
Йӕ базыртӕ ӕмӕ йӕ бумбулитӕ къадзы+ базыртӕ ӕмӕ бумбулиты хуызӕн сты?
14 Уый йӕ ӕйчытӕ зӕххыл ныууадзы
Ӕмӕ сӕ змисы дары, хъарм сын куыд уа.
15 Ӕмӕ йӕ ферох вӕййы, исчи сыл лӕугӕ дӕр кӕй ныккӕндзӕн
Кӕнӕ сӕ хъӕддаг сырд цъӕл дӕр кӕй ныккӕндзӕн.
16 Йӕ лӕппынтӕн тӕригъӕд нӕ зоны, цыма йӕхи дӕр не сты, уыйау+,
Ӕмӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у, уымӕн ӕмӕ сыл нӕ тыхсы.
17 Хуыцау ын йӕ зонд байста,
Ӕмбарындзинад ын нӕ радта+.
18 Йӕ базыртыл хӕрдмӕ куы схӕцы,
Уӕд бӕхыл ӕмӕ барӕгыл фӕхуды.
19 Дӕ бон у бӕхӕн тых раттын+
Кӕнӕ йын йӕ бӕрзӕйыл рӕсугъд барц ӕрбакӕнын?
20 Дӕ бон ын у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй мӕтыхау гӕппытӕ кӕна?
Уымӕн йӕ хъал хуыррытт ӕфтауы тас+.
22 Худы, тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттыл ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсы+,
Хъамайӕ дӕр лидзынмӕ нӕ фӕвӕййы.
23 Йӕ фӕрстыл йӕхи хойы фатдон,
Стыр арц ӕмӕ гыццыл арц, ӕмӕ сӕ дзыгъал-мыгъул цӕуы.
24 Йӕ туг фыцы ӕмӕ размӕ тӕхы, хъуысы йӕ къӕхты хъӕр,
Ӕмӕ сыкъайы уаст куы фехъусы, уӕд фырцинӕй йӕ хъустыл дӕр нӕ феууӕнды.
25 Сыкъа куы ныууасы, уӕд фӕзӕгъы: „Кӕдӕй-уӕдӕй!“
Дардӕй дӕр бамбары тохы тӕф,
Разамонджыты хъӕлӕба ӕмӕ тохмӕ сидӕг хъӕр+.
26 Уари хуссайраг дымгӕйы размӕ йӕ базыртӕ куы айтынг кӕны,
Уӕд арвы бӕрзӕнды де ’мбарындзинады фӕрцы фӕтӕхы?
27 Цӕргӕс+ дӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ стӕхы бӕрзонд
Ӕмӕ йӕ ахстон бӕрзонд ран дӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ скӕны?+
28 Уый цӕры къӕдзӕхыл ӕмӕ ӕхсӕв дӕр вӕййы
Къӕдзӕхы цъуппыл, схизӕн кӕдӕм нӕй, уым.
30 Йӕ лӕппынтӕ нуазынц туг,
Ӕмӕ мӕрдтӕ кӕм сты, уым ис уый дӕр»+.