Псалом
Амонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.
109 О Хуыцау, кӕй кадджын кӕнын, уыцы Хуыцау+, хъусӕй ма лӕуу+,
2 Уымӕн ӕмӕ фыдгӕнӕг ӕмӕ фӕлитой се ’взаг мӕ ныхмӕ сарӕзтой+,
Мӕнг ныхӕстӕ мӕ кӕнынц+,
3 Се сӕфт мӕ уынынц ӕмӕ алырдыгӕй мӕ ныхмӕ дзурынц+,
Ницы сын кодтон, афтӕмӕй мемӕ тох кӕнынц+.
6 Фыдгӕнӕджы йын хицауӕй сӕвӕр+,
Ныхмӕ чи цӕуы, уый ӕрлӕууӕд йӕ рахиз фарс.
7 Тӕрхон ын куы кӕной, уӕд йӕхӕдӕг нымад ӕрцӕуӕд фыдгӕнӕгыл,
Йӕ куывд та – тӕригъӕдыл+.
11 Ӕфстау кӕмӕй райста, уый йын йӕ мулк иууылдӕр хинӕй байсӕд+,
Ӕмӕ йӕхи фыдӕбонӕй цы самал кодта+, уый йын ӕцӕгӕлӕттӕ+ фӕхӕссӕнт.
12 Мачи йӕ барӕвдауӕд ӕнувыд уарзтӕй+
Ӕмӕ йын йӕ сидзӕртӕн мачи батӕригъӕд кӕнӕд.
14 Йегъовӕ йын ма ферох кӕнӕд йӕ фыдӕлты фыдхъуыддӕгтӕ+,
15 Ӕдзухдӕр уӕнт Йегъовӕйы раз+,
Фыдгӕнджытӕн зӕххӕй сӕ кой дӕр фесафӕд+,
16 Уымӕн ӕмӕ фыдгӕнӕг ферох кодта ӕнувыд уарзтӕй уарзын+.
Ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн+,
Зӕрдӕсаст адӕймагӕн йӕ фӕдыл зылд, цӕмӕй йӕ амардтаид+.
17 Уый уарзта ӕлгъитын+, ӕмӕ йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцыд+.
Арфӕдзинад та йӕ цӕст нӕ уарзта+,
Ӕмӕ дзы адард+.
18 Уӕлӕдарӕсау йӕ уӕлӕ скодта ӕлгъыст+.
Йӕ хуылфы ахъардта донау+
Ӕмӕ йе стджыты – сойау.
19 Уыцы ӕлгъыст ын суӕд, йӕхи кӕмӕй ӕрбатухы, уыцы уӕлӕдарӕсау+
Ӕмӕ ӕдзух йӕ астӕуыл баст чи вӕййы, уыцы ронау+.
21 Фӕлӕ ды дӕ Дунедарӕг+ Хуыцау, Йегъовӕ.
Дӕ номы тыххӕй мын батӕригъӕд кӕн+.
Фервӕзын мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ стыр у де ’нувыд уарзт+.
28 Уадз ӕмӕ мӕ уыдон ӕлгъитӕнт+,
Ды та мын арфӕ кӕн+.
Мӕ ныхмӕ сыстадысты, фӕлӕ ныххудинаг уӕнт+,
Ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнӕг цин кӕнӕд+.