Амонӕгӕн. Корейы фыртты псалом+. Чызджытӕ. Зарӕг.
46 Хуыцау у не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару+,
Зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны+.
2 Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх дӕр куы фӕива+
Ӕмӕ хӕхтӕ куы банкъуысой ӕмӕ ӕнӕкӕрон денджызы бынмӕ куы ацӕуой, уӕд дӕр+,
3 Йӕ дӕттӕ дӕр куы абухой ӕмӕ сӕ фынк куы кӕла+
Ӕмӕ йе знӕт уылӕнтӕй хӕхтӕ куы базмӕлой, уӕд дӕр+. (Села́)
4 Цӕугӕдоны гуылфӕнтӕ циндзинад хӕссынц Хуыцауы горӕтӕн+,
Иунӕг Стыр Хуыцауы кадджын ӕмӕ сыгъдӕг цатырӕн+.
5 Хуыцау ис горӕты астӕу+, ӕмӕ горӕт нӕ фенкъуысдзӕн+.
Хуыцау ын баххуыс кӕндзӕн райсомӕй раджы+.
6 Адӕмтӕ сызнӕт сты+, паддзахӕдтӕ банкъуыстысты,
Йӕ хъӕлӕс ныннӕрыд, ӕмӕ зӕхх атад+.
7 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ис немӕ+,
Иаковы Хуыцау у нӕ бӕрзонд хох+. (Села́)
8 Ӕрцӕут ӕмӕ фенут Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ+,
Фенут, зӕххыл цы диссӕгтӕ аразы, уый+.
9 Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ+.
Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ+
Ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы+.
10 «Басӕттут ӕмӕ йӕ зонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау+.
Ӕз скадджын уыдзынӕн адӕмты ’хсӕн+,
Скадджын уыдзынӕн зӕххыл»+.
11 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ис немӕ+,
Иаковы Хуыцау у нӕ бӕрзонд хох+. (Села́)