Райдиан
5 Ацы чиныджы фыст сты Адамы царды хабӕрттӕ. Хуыцау Адамы цы бон сфӕлдыста, уыцы бон ӕй скодта Хуыцауы хуызӕн+. 2 Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй+. Ӕмӕ сӕ цы бон сфӕлдыста+, уыцы бон сын раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ схуыдта адӕм+.
3 Адамыл сӕдӕ ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд йӕхи хуызӕн, йӕхи ӕнгӕс фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Сиф+. 4 Сифы райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ+. 5 Адам ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕртын азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард+.
6 Сифыл сӕдӕ фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Енос+. 7 Еносы райгуырды фӕстӕ ма Сиф фӕцард астсӕдӕ авд азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 8 Сиф ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ дыууадӕс азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.
9 Еносыл нӕуӕдз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Каинан+. 10 Каинаны райгуырды фӕстӕ ма Енос фӕцард астсӕдӕ фынддӕс азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 11 Енос ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ фондз азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.
12 Каинаныл ӕвдай азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Малелеил+. 13 Малелеилы райгуырды фӕстӕ ма Каинан фӕцард астсӕдӕ цыппор азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14 Каинан ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ дӕс азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.
15 Малелеилыл ӕхсай фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Иаред+. 16 Иареды райгуырды фӕстӕ ма Малелеил фӕцард астсӕдӕ ӕртын азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 17 Малелеил ӕдӕппӕтӕй фӕцард астсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.
18 Иаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Енох+. 19 Енохы райгуырды фӕстӕ ма Иаред фӕцард астсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 20 Иаред ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.
21 Енохыл ӕхсай фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Мафусал+. 22 Мафусалы райгуырды фӕстӕ Енох ӕцӕг Хуыцауимӕ* цыди ӕртӕсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 23 Енох ӕдӕппӕтӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы. 24 Уый фӕстӕ йӕ ничиуал федта, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау айста+. Енох ӕдзухдӕр цыди+ ӕцӕг Хуыцауимӕ+.
25 Мафусалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Ламех+. 26 Ламехы райгуырды фӕстӕ ма Мафусал фӕцард авдсӕдӕ ӕстай дыууӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 27 Мафусал ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.
28 Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд лӕппу. 29 Ӕмӕ йӕ схуыдта Ной*+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Ай фӕрцы сулӕфдзыстӕм, Йегъовӕ кӕй ралгъыста, уыцы зӕххыл кусгӕйӕ цы фыдӕбон ӕмӕ цы тухитӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй»+. 30 Нойы райгуырды фӕстӕ ма Ламех фӕцард фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 31 Ламех ӕдӕппӕтӕй фӕцард авдсӕдӕ ӕвдай авд азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.
32 Нойыл фондзсӕдӕ азы куы сӕххӕст, уӕд ын уый фӕстӕ райгуырдысты Сим+, Хам+ ӕмӕ Иафет+.