Хъуыддӕгтӕ
4 Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куыд ныхас кодтой, афтӕ сауджынты хистӕртӕ, кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕр+ ӕмӕ саддукейтӕ+ сӕ уӕлхъус алӕууыдысты. 2 Адӕмӕн Хуыцауы ныхас кӕй амыдтой ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый ӕргом кӕй хъусын кодтой ӕмӕ уый Йесойы хабарӕй кӕй бӕлвырд кодтой, уый тыххӕй сӕм мӕсты кодтой+, 3 ӕмӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ иннӕ бонмӕ ахӕстоны бакодтой+, уымӕн ӕмӕ баизӕр. 4 Фӕлӕ, апостолты ныхӕстӕм чи хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты+, ӕмӕ фондз мин адӕймаджы бӕрц систы уырнджытӕ+.
5 Дыккаг бон Иерусалимы ӕрӕмбырд сты дзуттӕгты разамонджытӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ+, 6 стӕй ма сауджынты хистӕр Аннӕ+, Кайафӕ+, Иоанн, Алыксандр ӕмӕ сауджынты хистӕрӕн йӕ иннӕ хиуӕттӕ дӕр. 7 Ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоанны астӕуӕй ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ сӕ фӕрсын райдыдтой: «Уыцы хъуыддаг кӕй хъаруйӕ ӕмӕ кӕй номӕй бакодтат?»+ 8 Уӕд Петр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+ схайджын ӕмӕ сын загъта:
«Израилы адӕмы разамонджытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ, 9 кӕд нӕ абон уымӕй фӕрсут, ӕмӕ ацы къуылых лӕгӕн+ уыцы хорздзинад чи ракодта ӕмӕ йӕ чи сдзӕбӕх кодта, 10 уӕд ӕй уе ’ппӕт дӕр зонут, стӕй йӕ зонӕнт ӕгас Израилы адӕм дӕр: ацы лӕг уӕ разы дзӕбӕхӕй лӕууы назаретаг+ Йесо Чырыстийы номы фӕрцы, сымах хъӕдыл кӕй байтыгътат+ ӕмӕ Хуыцау ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй райгас кодта+, уый номы фӕрцы! 11 Уый у, „сымах, аразджытӕ, ницӕйагыл кӕй банымадтат, фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси, уыцы дур“+. 12 Стӕй фервӕзӕн дӕр ӕндӕр никӕй фӕрцы ис+, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм»+.
13 Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсджынӕй дзурынц, уый куы федтой, стӕй сӕм ахуырдзинад кӕй нӕй* ӕмӕ хуымӕтӕг+ адӕм кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд дисы бафтыдысты. Уалынмӕ сӕ базыдтой, уыдон дӕр-иу Йесоимӕ кӕй уыдысты+, 14 фӕлӕ, чи сдзӕбӕх, уыцы лӕг дӕр семӕ кӕй лӕууыд+, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон ницы уыди сӕ ныхмӕ сдзурын+. 15 Ӕмӕ сӕ уӕд Сӕйраг тӕрхондоны галуанӕй ӕддӕмӕ рарвыстой ӕмӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой: 16 «Ацы адӕмӕн цы бакӕнӕм?+ Ӕцӕгдӕр стыр диссаг сарӕзтой, ӕмӕ уый тыххӕй Иерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр зонынц+ ӕмӕ афтӕ куыд зӕгъӕм, нӕ уыди, зӕгъгӕ. 17 Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хабар адӕмыл дарддӕр ма айхъуыса, уый тыххӕй сӕм бартхъирӕн кӕнӕм ӕмӕ сын зӕгъӕм, цӕмӕй ацы номӕй* макӕмӕнуал мацы дзурой»+.
18 Ӕмӕ сӕм уӕд фӕдзырдтой ӕмӕ сӕ карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй макуыуал мацы дзырдтаиккой ӕмӕ макӕйуал ахуыр кодтаиккой. 19 Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? 20 Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу»+. 21 Уӕд сӕм ноджыдӕр бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕй тыххӕй бафхӕрдтаиккой, уымӕн ницы ӕфсон уыди, стӕй адӕмӕй дӕр тарстысты+, уымӕн ӕмӕ уыцы хабары тыххӕй иууылдӕр Хуыцауы кадджын кодтой – 22 йӕ низӕй диссаджы хуызы чи сдзӕбӕх, уыцы лӕгыл цыппор азӕй фылдӕр цыди.
23 Куы сӕ рауагътой, уӕд иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ацыдысты+ ӕмӕ сын радзырдтой, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ сын хистӕр лӕгтӕ цы загътой, уыдӕттӕ. 24 Уым чи уыд, уыдон уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстой, уӕд иумӕ Хуыцаумӕ скуывтой+:
«О Дунедарӕг+ Хуыцау, ды сфӕлдыстай арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый!+ 25 Ды нӕ фыдӕл Давиды+, дӕ лӕггадгӕнӕджы, дӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодтай ӕмӕ уый дзыхӕй загътай: „Цӕуыл змӕнтынц адӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ цӕмӕн фӕнд кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ?+ 26 Зӕххон паддзӕхтӕ сыстадысты, ӕмӕ хицӕуттӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй рацӕуой Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ*“+. 27 Афтӕ Ирод* ӕмӕ Понтий Пилат+ ӕндӕр адӕмтимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы горӕты дӕ сыгъдӕг+ лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ, ды дӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрстай+, уый ныхмӕ. 28 Уыдон ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕххӕст кодтаиккой, ды бирӕ раздӕр цы загътай, уый. Ды уыцы хабар ӕрцӕуын кодтай дӕ тыхы фӕрцы, дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ+. 29 Ӕмӕ сын ныр, о Йегъовӕ, фехъус се ’ртхъирӕнтӕ+ ӕмӕ дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой+, 30 уымӕн ӕмӕ ды дӕ тыхӕй дзӕбӕх кӕныс рынчынты, ӕмӕ дӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг+ Йесойы номӕй+ арӕзт цӕуынц алыхуызон нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ»+.
31 Ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд, кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзар банкъуысыд+, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты+ ӕмӕ Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой+.
32 Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон уыдысты ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд*+. Сӕ иу дӕр афтӕ нӕ дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ мулк мӕхи у, фӕлӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг+. 33 Ӕмӕ, Хицау Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй апостолтӕ тынг ӕнтыстджынӕй хъусын кодтой+. Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕтӕн дӕр йе стыр хорзӕхӕй рӕдауӕй хай кодта. 34 Се ’хсӕн, хъуаг чи ӕййӕфта, иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕ уыд+, уымӕн ӕмӕ, зӕххытӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн уыди, уыдон сӕ уӕй кодтой ӕмӕ ӕхца 35 апостолтӕм хастой+. Ӕмӕ-иу апостолтӕ уыцы ӕхца байуӕрстой+, хъуаг чидӕриддӕр ӕййӕфта, уыдоныл. 36 Афтӕ кипраг левит Иосиф дӕр,– апостолтӕ йӕ схуыдтой Варнавӕ+, ома «Рӕвдыддзинады фырт»,– 37 йӕ зӕххы хай ауӕй кодта ӕмӕ ӕхца апостолтӕм ӕрбахаста+.