Псалом
43 Тӕрхон мын кӕн+, о Хуыцау,
Мӕ хъуыддаг мын дӕхимӕ райс+ ӕмӕ, мӕнгард чи у, уыцы адӕммӕ ӕркӕс.
Фӕлитой чи у ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймагӕй мӕ фервӕзын кӕн+.
2 Ды дӕ мӕ Хуыцау, мӕ фидар мӕсыг+.
Дӕхицӕй мӕ цӕмӕн аппӕрстай?
Ме знаг мӕ цӕмӕн ӕфхӕры, ӕмӕ ӕнкъардӕй цӕмӕн рацу-бацу кӕнын?+
3 Рарвит дӕ рухс ӕмӕ дӕ рӕстдзинад*+.
Уыдон мын амонӕнт фӕндаг+.
Ӕмӕ мӕ ӕркӕнӕнт дӕ сыгъдӕг хохмӕ ӕмӕ дӕ кадджын цатырмӕ+.