Ездрӕ
3 Ӕвдӕм мӕйы+, Израилы фырттӕ сӕ горӕтты куы цардысты, уӕд, адӕм се ’ппӕт дӕр+ Иерусалиммӕ+ ӕрӕмбырд сты. 2 Ӕмӕ Иоседекы фырт Йесо+ йе ’фсымӕртимӕ, сауджынтимӕ, ӕмӕ Салафиилы фырт+ Зоровавел+ йе ’фсымӕртимӕ Израилы Хуыцауӕн нывондхӕссӕн аразын райдыдтой, цӕмӕй йыл судзинаг нывӕндтӕ хастаиккой, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Моисейы закъоны куыд фыст ис, афтӕ+.
3 Гъемӕ нывондхӕссӕн, раздӕр кӕм ӕвӕрд уыд, уым сӕвӕрдтой+, уымӕн ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй тарстысты+. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр судзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой+. 4 Уый фӕстӕ, фыст куыд уыд, уымӕ гӕсгӕ+ скодтой Халагъудты бӕрӕгбон+ ӕмӕ-иу алы бон дӕр, цас хъуыди, уыйбӕрц судзинаг нывӕндтӕ ӕрхастой+. 5 Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ хӕссын райдыдтой, ӕдзухдӕр кӕй хъуыд хӕссын, уыцы судзинаг нывонд+. Судзинаг нывӕндтӕ хастой, мӕй-иу куы сног+, уыцы бонты дӕр ӕмӕ, Йегъовӕйы номыл цы бӕрӕгбӕттӕ+ кодтой, уыдоны рӕстӕджы дӕр, хастой ма сӕ, Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ+ гӕсгӕ чи хаста нывонд, уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр. 6 Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой ӕвдӕм мӕйы+ фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ, Йегъовӕйы кувӕндонӕн бындур ӕвӕрд куы нӕма ӕрцыд, уӕд.
7 Адӕм дурсӕтджытӕн+ ӕмӕ ӕрмгуыстгӕнджытӕн+ лӕвӕрдтой ӕхца+, сидойнӕгтӕн+ ӕмӕ тирӕгтӕн+ та – хӕрд+, нозт ӕмӕ сой+, цӕмӕй сын Ливанӕй+ Иоппимӕ+ денджызыл кедрбӕласы хъӕдтӕ ластаиккой, Персы паддзах Кир+ сын бар куыд радта, афтӕ.
8 Иерусалиммӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзармӕ куы ’рцыдысты, уый фӕстӕ дыккӕгӕм аз, дыккаг мӕйы+ Салафиилы фырт+ Зоровавел+ ӕмӕ Иоседекы фырт Йесо+ ӕмӕ сӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, ӕмӕ уацарӕй+ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон се ’ппӕт дӕр кусынмӕ бавнӕлдтой. Йегъовӕйы хӕдзар аразынмӕ цы куыстытӕ хауд+, уыдоны сӕргъы сӕвӕрдтой, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыцы левитты+. 9 Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары чи куыста, уыдонмӕ сӕ хъус дардтой Иудӕйы байзӕддӕгтӕ – Йешуа+ йӕ фырттимӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ ӕмӕ Кадмиил дӕр йӕ фырттимӕ,– стӕй Хенадады+ байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ фырттимӕ ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ, уыдон дӕр левиттӕ.
10 Аразджытӕ Йегъовӕйы кувӕндонӕн бындур куы ӕрӕвӕрдтой+, уӕд сауджынтӕ рацыдысты сауджынты уӕлӕдарӕсы+ уадындзтимӕ+, Асафы фырттӕй+ чи уыд, уыцы левиттӕ та – ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+, ӕмӕ слӕууыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйы скадджын кодтаиккой, Израилы паддзах Давид куыд бафӕдзӕхста+, афтӕ. 11 Ӕмӕ радгай зарыдысты, Йегъовӕйы кадджын кодтой+ ӕмӕ йын арфӕ кодтой: «...уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ*+, уымӕн ӕмӕ Израил ӕнустӕм хайджын у йе ’нувыд уарзтӕй»+. Адӕм та се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы хъӕрӕй+ кадджын кодтой, Йегъовӕйы хӕдзарӕн бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй. 12 Сауджынтӕй+ бирӕтӕ, стӕй левиттӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+ – раздӕр цы кувӕндон уыд, уый чи федта, уыцы зӕронд лӕгтӕ+,– хъӕрӕй куыдтой+, сӕ цӕстыты раз хӕдзарӕн бындур+ куы ӕвӕрдтой, уӕд. Иннӕтӕ та фырцинӕй хъӕр кодтой+. 13 Гъемӕ цин чи кодта+, ӕмӕ кӕугӕ чи кодта, уый бӕрӕг нал уыд, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр афтӕ хъӕр кодтой, ӕмӕ сӕ хъӕр дардмӕ хъуысти.