Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йесо Навин 2
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Йесо Навин 2:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 25:1; 33:49
  • +ЙсН 6:17; Мф 1:5; Дзт 11:31; Иак 2:25

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/11/2013, 12, 13 фф.

Йесо Навин 2:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 42:9; 2См 10:3

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/11/2013, 14 ф.

Йесо Навин 2:4

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/12/2004, 3 ф.

Йесо Навин 2:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Не 13:19

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 3/2020, 10 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/11/2013, 14 ф.

    1/12/2004, 3 ф.

Йесо Навин 2:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 22:8; 2См 11:2; Хъд 10:9

Йесо Навин 2:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 3:28; 12:5

Йесо Навин 2:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 13:15; 15:18; Рц 3:8
  • +Рц 23:27; Д.з 2:25; 11:25
  • +Рц 15:15; ЙсН 5:1; Пс 112:10

Йесо Навин 2:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 14:21; 15:14; ЙсН 4:23; 9:9
  • +Нм 21:21, 24
  • +Нм 21:34; Д.з 3:3; ЙсН 9:10; Пс 135:11
  • +Лв 27:29

Йесо Навин 2:11

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «зӕрдӕтӕ».

  • *

    Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 5:1
  • +Рц 15:15
  • +Д.з 4:39; 2Аз 20:6; Пс 83:18; 135:6; Дан 4:35

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/11/2013, 14 ф.

Йесо Навин 2:12

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕнӕ «ӕз уӕм куыд равдыстон ӕнувыд уарзт».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 10:20
  • +Есф 8:6
  • +Рц 12:13; ЙсН 2:18; Трх 6:17

Йесо Навин 2:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Еф 6:2
  • +ЙсН 6:23

Йесо Навин 2:14

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «нӕ удтӕ амӕлӕнт».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 30:2; Мф 5:33
  • +Трх 1:24; 1См 30:15; Мф 10:41

Йесо Навин 2:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Дзт 11:31

Йесо Навин 2:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 30:2

Йесо Навин 2:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:23; Есф 8:6

Йесо Навин 2:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 35:26

Йесо Навин 2:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 2:14

Йесо Навин 2:22

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/11/2013, 15 ф.

Йесо Навин 2:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 23:31; ЙсН 6:2; 21:44; Не 9:24
  • +Рц 15:15; ЙсН 2:9, 11; 5:1

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Йес. Н. 2:1Нм 25:1; 33:49
Йес. Н. 2:1ЙсН 6:17; Мф 1:5; Дзт 11:31; Иак 2:25
Йес. Н. 2:3Рд 42:9; 2См 10:3
Йес. Н. 2:5Не 13:19
Йес. Н. 2:6Д.з 22:8; 2См 11:2; Хъд 10:9
Йес. Н. 2:7Трх 3:28; 12:5
Йес. Н. 2:9Рд 13:15; 15:18; Рц 3:8
Йес. Н. 2:9Рц 23:27; Д.з 2:25; 11:25
Йес. Н. 2:9Рц 15:15; ЙсН 5:1; Пс 112:10
Йес. Н. 2:10Рц 14:21; 15:14; ЙсН 4:23; 9:9
Йес. Н. 2:10Нм 21:21, 24
Йес. Н. 2:10Нм 21:34; Д.з 3:3; ЙсН 9:10; Пс 135:11
Йес. Н. 2:10Лв 27:29
Йес. Н. 2:11ЙсН 5:1
Йес. Н. 2:11Рц 15:15
Йес. Н. 2:11Д.з 4:39; 2Аз 20:6; Пс 83:18; 135:6; Дан 4:35
Йес. Н. 2:12Д.з 10:20
Йес. Н. 2:12Есф 8:6
Йес. Н. 2:12Рц 12:13; ЙсН 2:18; Трх 6:17
Йес. Н. 2:13Еф 6:2
Йес. Н. 2:13ЙсН 6:23
Йес. Н. 2:14Нм 30:2; Мф 5:33
Йес. Н. 2:14Трх 1:24; 1См 30:15; Мф 10:41
Йес. Н. 2:15Дзт 11:31
Йес. Н. 2:17Нм 30:2
Йес. Н. 2:18ЙсН 6:23; Есф 8:6
Йес. Н. 2:19Нм 35:26
Йес. Н. 2:20ЙсН 2:14
Йес. Н. 2:24Рц 23:31; ЙсН 6:2; 21:44; Не 9:24
Йес. Н. 2:24Рц 15:15; ЙсН 2:9, 11; 5:1
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Йесо Навин 2:1–24

Йесо Навин

2 Уый фӕстӕ Навины фырт Йесо Ситтимӕй+ дыууӕ лӕджы сусӕгӕй арвыста зӕхх сгарӕг ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, фенут уыцы зӕхх ӕмӕ Иерихон». Уыдон дӕр араст сты ӕмӕ бацыдысты иу хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ, йӕ ном Раав+, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕхсӕвы уым ӕрлӕууыдысты. 2 Иуцасдӕры фӕстӕ Иерихоны паддзахӕн фӕхабар кодтой: «Абон нӕм ӕхсӕвы Израилы фыртты ӕрвыст лӕгтӕ нӕ зӕхх сгарӕг ӕрбацыдысты». 3 Уӕд Иерихоны паддзах Раавмӕ арвыста, зӕгъгӕ, дӕ хӕдзармӕ чи бацыд, уыцы лӕгты ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ зӕхх сгарӕг ӕрбацыдысты+.

4 Сылгоймаг та уыцы дыууӕ лӕджы бамбӕхста. Ӕмӕ загъта: «О, уыди мӕм чидӕртӕ, фӕлӕ кӕцӕй уыдысты, уый нӕ зыдтон. 5 Куы ’рталынг ӕмӕ кулдуар куы ’хгӕдтой+, уӕд ацыдысты. Кӕдӕм ацыдысты, уый та нӕ зонын. Тагъддӕр сӕ фӕстейӕ асурут, ӕмӕ сӕ баййафдзыстут». 6 Афтӕмӕй та сӕ йӕхӕдӕг йӕ хӕдзары сӕрмӕ скодта+. Уым ын гӕн калд уыди, ӕмӕ сӕ уый ӕхсӕн бамбӕхста. 7 Гъемӕ паддзахы ӕрвыст лӕгтӕ сӕ ных Иорданы тӕнджыты+ ’рдӕм сарӕзтой, баййафӕм сӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куыддӕр горӕты ӕдде фесты, афтӕ сын сӕ фӕстӕ кулдуар сӕхгӕдтой.

8 Дыууӕ сгарӕджы нӕма бафынӕй сты, афтӕ сӕм Раав хӕдзары сӕрмӕ схызт 9 ӕмӕ сын загъта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ ацы зӕхх сымахӕн ратдзӕн+. Стыр тас нӕ бауагътат+, ӕмӕ уӕ тӕссӕй ацы зӕххы цӕрджытӕм ныфсы мур нал баззад+, 10 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йегъовӕ уӕ Египетӕй куы ракодта, уӕд уын уӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд бахус кодта+, стӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты дыууӕ паддзахӕн, Сигон+ ӕмӕ Огӕн+, цытӕ бакодтат, уый дӕр – сӕфты хай сӕ кӕй бакодтат+. 11 Уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстам, уӕд не уӕнгтӕ* адон сты+ ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ ныфс* асаст+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Хуыцау уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр+. 12 Ӕмӕ уӕ ныр курӕг дӕн, расомы мын кӕнут Йегъовӕйӕ+, ӕз уын хорздзинад куыд ракодтон*, афтӕ сымах дӕр мӕ фыды хӕдзаронтӕн хорздзинад кӕй ракӕндзыстут+. Ӕмӕ мын исты бӕлвырд нысан раттут+. 13 Бахъахъхъӕнут мын мӕ фыд+ ӕмӕ мӕ мады цард, стӕй ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ хоты цард ӕмӕ сӕм чидӕриддӕр ис, уыдоны цард дӕр. Нӕ удтӕ нын мӕлӕтӕй бахизут»+.

14 Уӕд ын уыцы дыууӕ лӕджы загътой: «Нӕ дзырд куы нӕ сӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын Хуыцау нӕхи цард байсӕд*+. Кӕд нӕ не схъӕр кӕндзыстут, уӕд уын мах дӕр хорздзинад ракӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, Йегъовӕ нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд»+. 15 Уый фӕстӕ сӕ Раав бӕндӕныл рудзынгӕй ӕруагъта, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уыди горӕты къулы мидӕг, ӕппӕты уӕлейӕ+. 16 Ӕмӕ сын загъта: «Уӕхи хӕхтӕм айсут, цӕмӕй уыл, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдон ма сӕмбӕлой. Ӕртӕ боны уал уым ӕмбӕхсут, цалынмӕ, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕстӕмӕ нӕ раздӕхой, уӕдмӕ. Стӕй уӕд цӕут уӕ фӕндагыл».

17 Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы та йын загътой: «Мах сӕххӕст кӕндзыстӕм, цы дзырд нын раттын кодтай, уый, ӕмӕ дӕ разы аххосджын нӕ уыдзыстӕм+. 18 Ацы зӕхмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд мӕнӕ ацы сырх бӕттӕн хъуамӕ баст уа, кӕцӕй нӕ ӕруагътай, уыцы рудзынгыл. Дӕ фыды, дӕ мады, де ’фсымӕрты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзаронты та се ’ппӕты дӕр дӕ хӕдзары ӕрӕмбырд кӕн+. 19 Дӕ хӕдзары къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ чи рахиза+, уымӕн йӕ туг уыдзӕн йӕхи сӕрыл, мах та аххосджын нӕ уыдзыстӕм. Демӕ хӕдзары мидӕг чи уа, уыдонӕй искӕмӕ куы бавналой, уӕд уый туг та уыдзӕн махыл. 20 Ӕмӕ нӕ куы схъӕр кӕнай+, уӕд дӕр аххосджын нӕ уыдзыстӕм, нӕ дзырд кӕй нӕ сӕххӕст кодтам, уый тыххӕй». 21 Ӕмӕ сын уӕд Раав загъта: «Гъемӕ, куыд загътат, афтӕ уӕд».

Уый фӕстӕ сӕ афӕндараст кодта, ӕмӕ сӕ фӕндагыл ацыдысты. Йӕхӕдӕг та рудзынгыл сырх бӕттӕн бабаста. 22 Уыдон ацыдысты хӕхтӕм ӕмӕ уым фесты ӕртӕ боны, цалынмӕ, сӕ фӕдыл чи зылд, уыцы адӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхтысты, уӕдмӕ. Сӕ фӕдыл чи зылд, уыдон сӕ алы фӕндагыл дӕр фӕцагуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой. 23 Ӕмӕ уӕд уыцы дыууӕ лӕджы хӕхтӕй фӕстӕмӕ ӕрцыдысты, донӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ Навины фырт Йесомӕ ’рбацыдысты. Ӕмӕ сыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон ын иууылдӕр радзырдтой. 24 Ӕмӕ йын загътой: «Йегъовӕ нын ацы зӕхх иууылдӕр нӕ къухмӕ радта+. Нӕ тӕссӕй ацы зӕххы цӕрджытӕм ныфсы мур нал баззад»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын