Матфейы
1 Ацы чиныджы фыст сты Йесо Чырыстийы царды хабӕрттӕ+. Йесо у Давиды фырт+, Авраамы фырт+.
Исахъӕн райгуырд Иаков+;
Иаковӕн райгуырдысты Иудӕ+ ӕмӕ иннӕ фырттӕ;
3 Иудӕйӕн Фамарӕй райгуырдысты Фарес+ ӕмӕ Зара;
Фаресӕн райгуырд Есром+;
Есромӕн райгуырд Арам+;
4 Арамӕн райгуырд Аминадав;
Аминадавӕн райгуырд Наассон+;
Наассонӕн райгуырд Салмон+;
5 Салмонӕн Раавӕй+ райгуырд Вооз;
Воозӕн Руфӕй+ райгуырд Овид;
Овидӕн райгуырд Йессей+;
Давидӕн райгуырд Соломон+, раздӕр Урийы ус чи уыд, уымӕй;
Ровоамӕн райгуырд Ави;
Иосафатӕн райгуырд Иорам+;
Иорамӕн райгуырд Ози;
9 Озийӕн райгуырд Иофам;
Ахазӕн райгуырд Езеки+;
10 Езекийӕн райгуырд Манасси+;
Амонӕн+ райгуырд Иоси;
11 Иосийӕн+ райгуырдысты Йехони+ ӕмӕ иннӕ фырттӕ, дзуттӕгтӕ Вавилонмӕ хаст куы ’рцыдысты, уыцы заман+.
12 Вавилоны Йехонийӕн райгуырд Салафиил+;
Салафиилӕн райгуырд Зоровавел+;
13 Зоровавелӕн райгуырд Авиуд;
Авиудӕн райгуырд Елиаким;
Елиакимӕн райгуырд Азор;
14 Азорӕн райгуырд Садок;
Садокӕн райгуырд Ахим;
Ахимӕн райгуырд Елиуд;
15 Елиудӕн райгуырд Елеазар;
Елеазарӕн райгуырд Матфан;
Матфанӕн райгуырд Иаков;
16 Иаковӕн райгуырд Иосиф – Марийӕйы лӕг. Марийӕ ныййардта Йесойы+, Чырысти кӕй хонынц, уый+.
17 Уӕдӕ Авраамӕй Давиды онг ӕдӕппӕтӕй уыди цыппӕрдӕс фӕлтӕры. Давидӕй, дзуттӕгтӕ Вавилонмӕ хаст куы ’рцыдысты, уӕды онг дӕр – цыппӕрдӕс фӕлтӕры. Ӕмӕ, Вавилонмӕ хаст куы ’рцыдысты, уыцы заманӕй Чырыстийы онг дӕр – цыппӕрдӕс фӕлтӕры.
18 Йесо Чырыстийы райгуырды хабар та уыд афтӕ. Йӕ мад Марийӕ Иосифимӕ фидыд+ куы уыди, уӕд,– нӕма баиу сты, афтӕмӕй,– Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй*+ басывӕрджын. 19 Марийӕйы мой* Иосиф та уыди рӕстаг адӕймаг ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕмы цӕсты бафтыдтаид+, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодта сусӕгӕй ауадзын+. 20 Фӕлӕ ууыл куы фӕхъуыдытӕ кодта, уӕд ӕм уый фӕстӕ фыны фӕзынд Йегъовӕйы зӕд ӕмӕ йын загъта: «Иосиф, Давиды фырт, дӕ ус Марийӕйы дӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕн, ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй басывӕрджын+. 21 Райгуырдзӕн ын лӕппу, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Йесо*+, уымӕн ӕмӕ уый адӕмы+ сӕ тӕригъӕдтӕй+ фервӕзын кӕндзӕн»+. 22 Ӕппӕт адӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йегъовӕ+ йӕ пехуымпары уылты+ цы загъта, уый: 23 «Ӕрыгон сылгоймаг*+ басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ йӕ схондзысты Еммануил»+, ома «Хуыцау немӕ ис»+.
24 Иосиф куы райхъал, уӕд сарӕзта, Йегъовӕйы зӕд ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ – йӕ усы ӕрбакодта. 25 Фӕлӕ йемӕ ӕмуат не ’рцыд+, цалынмӕ йын лӕппу нӕ райгуырд+, уӕдмӕ. Иосиф сывӕллоны схуыдта Йесо+.