Данел
8 Фыццаг цы цӕстылуайӕн федтон+, уый фӕстӕ ма ӕз, Данел, федтон ӕндӕр цӕстылуайӕн дӕр. Уый уыд, Валтасар+ ӕртыккаг аз куы уыди паддзах, уӕд. 2 Уыцы цӕстылуайӕны федтон, цыма уыдтӕн Сузӕйы+ галуаны, Еламы+ дӕлбар бӕстӕйы. Ӕз федтон, цыма лӕууыдтӕн Улайы+ цӕугӕдоны* раз. 3 Ӕмӕ дын кӕсын, ӕмӕ уӕртӕ цӕугӕдоны раз лӕууы фыр+. Уыцы фырӕн уыди дыууӕ сыкъайы, ӕмӕ дыууӕ дӕр уыдысты стыртӕ, фӕлӕ дзы иу уыди стырдӕр, ӕмӕ, стырдӕр чи уыд, уый ссыд фӕстӕдӕр+. 4 Ӕмӕ федтон, фыр йӕ сыкъатӕй кӕй цавта ныгуылӕнырдӕм, цӕгатырдӕм ӕмӕ хуссарырдӕм. Иу сырдӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд йӕ ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ уыцы фырӕй искӕй фервӕзын кӕнын йӕ бон никӕмӕн уыд+. Цы йӕ фӕндыди, уый кодта ӕмӕ йӕхицӕй схъал.
5 Уыдӕттыл куы хъуыды кодтон, уӕд хурныгуылӕнӕй фӕзынд иу цӕу+. Уыцы цӕу рацыд ӕнӕхъӕн зӕххыл, йӕ къӕхтӕй зӕххыл не ’ндзӕвыд, афтӕмӕй. Йӕ дыууӕ цӕсты астӕу та уыди стыр сыкъа+. 6 Цӕу ӕрбацӕйцыд, цӕугӕдоны раз лӕугӕ кӕй федтон, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы фырмӕ, ӕмӕ йыл мӕстӕй судзгӕйӕ йӕхи ныццавта.
7 Ӕз федтон, уыцы цӕу фырмӕ хӕстӕг кӕй бацыд, йӕхи йыл мӕстӕй судзгӕйӕ кӕй ныццавта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр кӕй асаста. Фырӕн йӕ бон нӕ баци йӕ ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ цӕу фыры зӕххыл ӕрфӕлдӕхта ӕмӕ йӕ райдыдта йӕ къӕхты бын ссӕндын, фӕлӕ никӕй бон уыд фыры фервӕзын кӕнын+.
8 Цӕу йӕхицӕй схъал+, фӕлӕ куыддӕр схъомысджын, афтӕ йе стыр сыкъа асаст, ӕмӕ йӕ бынаты сзади цыппар сыкъайы, здӕхт уыдысты цыппар уӕларвон дымгӕйы ’рдӕм+.
9 Уыцы сыкъатӕй иуыл рацыд гыццыл+ сыкъа. Уый стырӕй-стырдӕр кодта ӕмӕ йӕхи ивӕзта хуссарырдӕм, хурыскӕсӕнырдӕм ӕмӕ Рӕсугъд бӕстӕйы ’рдӕм+. 10 Ӕмӕ сырӕзт суанг уӕларвон ӕфсады онг+, ӕмӕ уӕларвон ӕфсадӕй ӕмӕ стъалытӕй+ цасдӕр зӕхмӕ ӕрӕппӕрста ӕмӕ сӕ йӕ къӕхты бын ссӕндын райдыдта+. 11 Уӕлейӕ дӕлӕмӕ каст суанг ӕфсӕдты Кънйазмӕ+ дӕр, ӕмӕ Кънйазӕй байстой, алы бон дӕр кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕ+. Кънйаз цы сыгъдӕг бынат скодта, уый дӕр ныппырх кодтой+. 12 Фыдракӕндты+ тыххӕй сыкъайӕн цасдӕры фӕстӕ лӕвӕрд ӕрцыд уӕларвон ӕфсад+, стӕй ма, алы бон дӕр кӕй хъуыди хӕссын, уыцы нывонд дӕр+. Уый-иу рӕстдзинад*+ зӕхмӕ+ ӕрӕппӕрста ӕмӕ йӕ цы фӕндыд, уый арӕзта, ӕмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр кодта+.
13 Ӕз фехъуыстон, сыгъдӕджытӕй иу+ куыд дзырдта ӕмӕ йын сыгъдӕджытӕй ӕндӕр чидӕр афтӕ куыд загъта: «Алы бон дӕр кӕй хӕссынц, уыцы нывонды тыххӕй+ ӕмӕ, бӕстӕ чи афтид кӕны, уыцы фыдракӕнды тыххӕй цӕстылуайӕны+ цы уыд, уый цас ахӕсдзӕн? Цас ахӕсдзӕн, сыгъдӕг бынат ӕмӕ уӕларвон ӕфсад къӕхты бын кӕй ссӕндынц, уый?»+ 14 Ӕмӕ мын уӕд уый загъта: «Дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ изӕры ӕмӕ райсомы. Ӕмӕ сыгъдӕг бынатӕн цы кад ӕмбӕлы, уыцы кад ын фӕстӕмӕ уыдзӕн»+.
15 Ӕз, Данел, уыцы цӕстылуайӕн куы федтон ӕмӕ, цы амоны, уый бамбарыныл+ куы архайдтон, уӕд мӕ разы февзӕрд иу чидӕр, уыди адӕймаджы+ хуызӕн. 16 Ӕз фехъуыстон, Улайы+ астӕуӕй адӕймаджы хъӕлӕс кӕй райхъуыст, ӕмӕ хъӕрӕй кӕй загъта: «Гавриил+, цы федта, уый йын бамбарын кӕн»+. 17 Гъемӕ уый дӕр ӕрбацыд, ӕз кӕм лӕууыдтӕн, уырдӕм. Фӕлӕ мӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд фыртӕссӕй зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн. Ӕмӕ мын уый загъта: «Зон ӕй+, адӕймаджы фырт+, цӕстылуайӕн хауы кӕроны рӕстӕгмӕ»+. 18 Ӕмӕ мемӕ куыд ныхас кодта, афтӕ зӕххыл дӕлгоммӕ хуысгӕйӕ тарф фынӕй бадӕн+. Уӕд мӕм бавнӕлдта ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ мӕ бынаты слӕууын кодта+. 19 Стӕй мын загъта: «Ӕз дын раргом кӕндзынӕн, фыдӕхы рӕстӕг куы фӕуд кӕна, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ, уымӕн ӕмӕ уый хауы кӕроны рӕстӕгмӕ*+.
20 Дыууӕ сыкъаимӕ цы фыры федтай, уый ӕвдисы Миди ӕмӕ Персы паддзӕхты+. 21 Хъуынджын цӕу та ӕвдисы Грецийы паддзахы+. Йӕ дыууӕ цӕсты астӕу цы стыр сыкъа уыд, уый у йӕ фыццаг паддзах+. 22 Уыцы сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты цыппар сыкъайы кӕй рацыд+, уый та амоны, йӕ адӕмӕй кӕй рацӕудзӕн цыппар паддзахады, фӕлӕ уыдонмӕ, уымӕ цы тых уыд, ахӕм тых нӕ уыдзӕн.
23 Сӕ паддзахады кӕрон, фыдгӕнджытӕн сӕ фыдракӕндтӕ сӕ сӕрты куы акӕлой, уӕд, фӕзындзӕн тызмӕгхуыз паддзах, уый ӕмбардзӕн дӕлгоммӕ ныхӕстӕ+. 24 Уыцы паддзах тынг стыхджын уыдзӕн+, фӕлӕ йӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ. Бӕстӕ пырх кӕндзӕн+, ӕмӕ йын алцыдӕр ӕнтысдзӕн. Уый пырх кӕндзӕн тыхджынты, стӕй сыгъдӕг адӕмы дӕр+. 25 Арфуынӕг кӕй уыдзӕн, уый фӕрцы йын бантысдзӕн бирӕты асайын+. Йӕ зӕрдӕ схъал уыдзӕн+ ӕмӕ сабыр рӕстӕг+ бирӕты бабын кӕндзӕн. Кънйӕзты Кънйазы+ ныхмӕ рацӕудзӕн, фӕлӕ йӕ фесафдзысты, адӕймаджы къух ыл нӕ андзӕвдзӕн, афтӕмӕй+.
26 Изӕры ӕмӕ райсомы тыххӕй цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый у ӕцӕг+. Ды та цӕстылуайӕн басусӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ уый амоны дард фидӕнмӕ»+.
27 Мӕнӕн, Данелӕн, мӕ хъару асаст ӕмӕ цалдӕр боны уыдтӕн рынчын+. Уый фӕстӕ сыстадтӕн ӕмӕ паддзахы хъуыддӕгтӕ кӕнын райдыдтон+, фӕлӕ цы федтон, уый тыххӕй мӕхимӕ нал ӕмӕ нал цыдтӕн. Ӕмӕ уыцы цӕстылуайӕн ничи ӕмбӕрста+.