Аггей
2 Ӕвдӕм+ мӕйы дыууын фыццӕгӕм бон Йегъовӕ пехуымпар Аггейы+ уылты загъта: 2 «Дӕ хорзӕхӕй, Иудӕйы+ хицау Салафиилы+ фырт Зоровавелӕн+, хистӕр сауджын Иоседекы+ фырт Йесойӕн+ ӕмӕ иннӕ адӕмӕн афтӕ зӕгъ: 3 „Ам чи ис, уыдонӕй ацы хӕдзары раздӕры кад чи федта?+ Ӕмӕ йӕ ныр та цыхуызӕнӕй уынут? Афтӕ уӕм нӕ кӕсы, ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыимӕ абаргӕйӕ ницы у?“+
4 „Фӕлӕ ныр фидар у, Зоровавел,– зӕгъы Йегъовӕ,– фидар у+ ды дӕр, хистӕр сауджын, Иоседекы фырт Йесо“.
„Сымах дӕр фидар ут, ацы бӕстӕйы адӕм,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ кусут“+.
„Ӕз уемӕ дӕн+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– 5 Уӕ зӕрдыл дарут, Египетӕй куы рацыдыстут+ ӕмӕ уӕ мӕ тыхы*+ фӕрцы куы кодтон, уӕд уемӕ цы бадзырд скодтон, уый. Ма тӕрсут“»+.
6 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Иу хатт ма базмӕлын кӕндзынӕн арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх+, ӕмӕ уый уыдзӕн тагъд“+.
7 „Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ ацы хӕдзармӕ ӕрцӕудзысты+, ӕмӕ ӕз ацы хӕдзар кадӕй байдзаг кӕндзынӕн“+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
8 „Ӕвзист дӕр мӕн у, ӕмӕ сызгъӕрин дӕр“+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
9 „Ацы хӕдзар раздӕры хӕдзарӕй кадджындӕр уыдзӕн“+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
„Ӕмӕ ацы ран ӕз ратдзынӕн фарн“+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ».
10 Дари дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон Йегъовӕ пехуымпар Аггейӕн+ загъта: 11 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Дӕ хорзӕхӕй, сауджынты-ма закъонӕй бафӕрс+: 12 „Адӕймаг йӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджийы табуйаг дзидза куы фӕцӕйхӕсса ӕмӕ йӕ фӕдджийӕ дзул, хъӕрмхуыпп, сӕн, сой кӕнӕ ӕндӕр исты хӕринагыл куы андзӕва, уӕд уыцы хӕринаг табуйаг суыдзӕн?“»+
Ӕмӕ сауджынтӕ загътой: «Не суыдзӕн!»
13 Уӕд Аггей загъта: «Ӕмӕ зӕгъӕм, мардмӕ* бавналгӕйӕ йӕхи чи фӕчъизи кодта, уыцы адӕймаг уыдӕттӕй истӕуыл андзӕвыд, уӕд, цӕуыл андзӕвыд, уый фӕчъизи уыдзӕн?»+
Ӕмӕ йын сауджынтӕ дзуапп радтой: «О, фӕчъизи уыдзӕн».
14 Уӕд сын Аггей загъта: «„Гъе ахӕм сты мӕ разы ацы адӕм дӕр+,– зӕгъы Йегъовӕ,– сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, нывондӕн цы хӕссынц, уыдӕттӕ дӕр иууылдӕр ахӕм сты. Чъизи сты“+.
15 „Фӕлӕ, уӕ хорзӕхӕй, абонӕй фӕстӕмӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнут+, Йегъовӕйы кувӕндоны дур дуры сӕрыл ӕвӕрд куы нӕма ’рцыд, уӕдмӕ цы уыд, ууыл+: 16 уӕд-иу адӕймаг хоры кӕримӕ бацыд, дыууын барӕны дзы хор уыдзӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу дзы дӕс барӕны йеддӕмӕ нӕ уыд, сӕндуцӕнмӕ-иу бацыд, фӕндзай барӕны дзы сӕн сисдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу дзы дыууын барӕны йеддӕмӕ нӕ разынд+. 17 Уӕ зайӕгойтӕ-иу уын судзгӕ дымгӕйӕ басыгътон+, низ-иу сыл бафтыдтон+ ӕмӕ-иу сыл их ныккалдтон+, уӕ къухты фыдӕбон-иу уын фесӕфтон+. Фӕлӕ уӕ ничи раздӕхт мӕнмӕ“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
18 „Уӕ хорзӕхӕй, абонӕй фӕстӕмӕ, фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бонӕй фӕстӕмӕ, Йегъовӕйы кувӕндоны бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ+, лӕмбынӕг хъуыды кӕнут+ ацы хъуыддагыл: 19 хордоны ма хор ис?+ Сӕнӕфсир, легъуибӕлас, гранатбӕлас ӕмӕ оливӕбӕлас дыргъ радтой? Фӕлӕ уын абонӕй фӕстӕмӕ ӕз арфӕ кӕндзынӕн“»+.
20 Уыцы мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон+ та Йегъовӕ Аггейӕн+ загъта: 21 «Иудӕйы хицау Зоровавелӕн афтӕ зӕгъ+: „Ӕз арв ӕмӕ зӕхх базмӕлын кӕндзынӕн+. 22 Паддзӕхтӕн сӕ паддзахбадӕнтӕ афӕлдахдзынӕн ӕмӕ адӕмты паддзахӕдты тых байсдзынӕн+. Ӕз афӕлдахдзынӕн бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ сыл чи бады, уыдоны, ӕмӕ бӕхтӕ ӕмӕ барджытӕ фӕцагъды уыдзысты+, алчи сӕ йе ’фсымӕры хъамайӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт“»+.
23 «„Мӕ лӕггадгӕнӕг, Салафиилы+ фырт Зоровавел+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– уыцы бон дӕ ӕз ракӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ мын уыдзынӕ мыхуыримӕ къухдарӕны+ хуызӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕу равзӕрстон“+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ»+.