Михей
1 Иудӕйы паддзӕхтӕ+ Иофам+, Ахаз+ ӕмӕ Езекийы+ рӕстӕджы Йегъовӕ морешефаг Михейӕн+ Самари+ ӕмӕ Иерусалимы+ тыххӕй цӕстылуайӕны загъта:
2 «Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ. Дӕ хъус ӕрдар, зӕхх, ӕмӕ дыл цыдӕриддӕр ис, уыдон+. Йегъовӕ ис йӕ рухс кувӕндоны+. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ӕрлӕууӕд+. 3 Мӕнӕ, Йегъовӕ рацӕуы йӕ бынатӕй+, ӕрцӕудзӕн ӕмӕ зӕххы бӕрзӕндтыл лӕгӕрддзӕн+. 4 Хӕхтӕ йӕ быны атайдзысты+ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ дыууӕ дихы фӕуыдзысты, мыдадз арты куыд атайы+ ӕмӕ дон айнӕг къӕдзӕхӕй бынмӕ куыд фӕкӕлы, афтӕ.
5 Ӕмӕ уыдӕттӕ иууылдӕр – Иаков ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй ӕмӕ Израилы адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй+. Иаков ныхмӕ кӕй цӕуы, уый кӕй аххос у? Самарийы аххос нӕу?+ Иудӕйы кувӕн бынӕттӕ* кӕй ис, уый кӕй аххос у?+ Иерусалимы аххос нӕу? 6 Ӕз Самари фестын кӕндзынӕн быдыры хӕлддзӕгты цӕнд+, сӕнӕфсирдон кӕм скӕной, ахӕм бынат. Йӕ дуртӕ йын дӕлвӕзмӕ акалдзынӕн ӕмӕ йын йӕ бындуртӕ разынын кӕндзынӕн+. 7 Йӕ къухӕйконд хуыцӕутты йын ныппырх кӕндзысты+, йемӕ кӕй хӕтыдысты, уый тыххӕй йын цы лӕвӕрттӕ скодтой, уыдон ын арты басудздзысты+, ӕмӕ йын ӕз йӕ мӕнгхуыцӕуттӕй иу дӕр нал ныууадздзынӕн. Уыдӕттӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта, кӕй хӕтыди, уый тыххӕй йын цы ӕхца фыстой, уымӕй, ӕмӕ сӕ ныр ахӕсдзысты ӕмӕ та сӕ ногӕй хӕтаг сылгоймӕгтӕн бафиддзысты»+.
8 Уый тыххӕй ӕз кӕудзынӕн ӕмӕ дзыназдзынӕн+. Бӕгъӕввадӕй ӕмӕ бӕгънӕгӕй цӕудзынӕн+. Хъӕддаг куыйтау ниудзынӕн ӕмӕ сыл страустау хъарӕг кӕндзынӕн, 9 уымӕн ӕмӕ йӕ цӕфӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нал ис+. Иудӕйы онг бахӕццӕ+, низ бахӕццӕ мӕ адӕмы кулдуары онг, Иерусалимы онг+.
10 «Уый тыххӕй Гефы ма дзурут, ма кӕут+.
Офрӕйы хӕдзары дӕхи рыджы сӕвдул+. 11 Ацу бӕгънӕгӕй, ма ӕмбӕхс дӕ худинаг, Шафиры цӕрӕг сылгоймаг+. Цааны цӕрӕг сылгоймаг никӕцӕй зыны. Беф-Ецел уыди уе ’мбӕхсӕн бынат, фӕлӕ дзы ныр хъуысдзӕн ӕрмӕстдӕр хъарӕг. 12 Марофы цӕрӕг сылгоймаг хорздзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ каст+, фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Иерусалимы кулдуӕрттӕм фыдбылыз ӕрбахӕццӕ+. 13 Лахисы цӕрӕг сылгоймаг, бӕхтӕ бӕхуӕрдоны баифтындз+. Сионы чызджы фыццаг уый фӕрӕдийын кодта+, уымӕн ӕмӕ Израилы фыдракӕндтӕ дӕуӕй цӕуынц+. 14 Уый тыххӕй ды Морешеф-Гефӕн фӕстаг лӕвӕрттӕ скӕндзынӕ+. Ахзивы+ хӕдзӕрттӕ Израилы паддзӕхтӕн се ’ууӕнк фӕсайдтой. 15 Марешӕйы цӕрӕг сылгоймаг+, ӕз дӕм ӕрбакӕндзынӕн, дӕ зӕххытӕ дын чи байсдзӕн, уый+. Израилы кад суанг Одолламы+ онг бахӕццӕ уыдзӕн. 16 Дӕ фыртты, де стыр цин чи уыд, уыдоны мастӕй дӕ сӕрыхъуынтӕ алвын ӕмӕ дӕ сӕр адас+. Дӕ сӕр цӕргӕсы сӕрау ныллӕгуын кӕн, уымӕн ӕмӕ дын дӕ фыртты уацары акодтой»+.