2 Коринфӕгтӕм
3 Ау, ногӕй та уын нӕхи амонӕм?+ Кӕйдӕртау мах дӕр нӕхи тыххӕй сымахмӕ ӕппӕлӕн фыстӕджытӕ+ ӕрхӕссын хъӕуы кӕнӕ сӕ сымахӕй немӕ ахӕссын хъӕуы? 2 Сымах уӕхӕдӕг стут нӕ фыстӕг+, нӕ зӕрдӕтыл фыст чи у ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр кӕй зонынц ӕмӕ кӕй кӕсынц, уый+. 3 Сымах стут Чырыстийы фыстӕг, фысгӕ та уӕ ныккодтам мах нӕ лӕггады фӕрцы+ – чернилӕйӕ нӕ, фӕлӕ удӕгас Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+, стӕй къӕйдуртыл+ дӕр нӕ, фӕлӕ зӕрдӕтыл*+.
4 Ӕмӕ Хуыцауы раз уый фидарӕй дзурӕм+ Чырыстийы фӕрцы. 5 Мах афтӕ нӕ зӕгъӕм, ӕмӕ нӕхи хъаруты фӕрцы бӕззӕм уыцы хъуыддагӕн+, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн Хуыцауы фӕрцы бӕззӕм+. 6 Уый фӕрцы бӕззӕм ног бадзырды+ лӕггадгӕнджытӕн. Ӕмӕ баст стӕм фыст закъонимӕ+ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхимӕ+. Фыст закъон адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон хӕссы+, Хуыцауы сыгъдӕг тых та йын цард дӕтты+.
7 Стӕй, мӕлӕтмӕ чи кӕны+ ӕмӕ дуртыл фыст чи ’рцыд+, уыцы закъон кӕд афтӕ кадджын+ уыди, ӕмӕ Израилы адӕмӕн сӕ бон нӕ уыд Моисейы тӕмӕнтӕкалгӕ цӕсгоммӕ кӕсын+,– кӕд ӕмӕ уыцы кад хъуамӕ сӕфгӕ фӕкодтаид, уӕддӕр,– 8 уӕд, адӕмы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+ чи хайджын кӕны, уыцы лӕггад та ноджы кадджындӕр хъуамӕ ма уа?+ 9 Кӕд, адӕймаг тӕрхонгонд кӕмӕй цӕуы+, уыцы закъон кадджын уыди+, уӕд, рӕстгӕнӕгыл+ нымад кӕй фӕрцы цӕуы, уыцы лӕггад та ноджы кадджындӕр у+. 10 О, кӕддӕр цы закъон скадджын+, уымӕн йӕ кад ницыуал уыд стырдӕр кады раз+. 11 Уӕдӕ кӕд, сӕфт чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый афтӕ кадджын уыди, уӕд+, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уый та цас кадджындӕр уыдзӕн!+
12 Уӕдӕ нын ахӕм ныфс кӕй ис+, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у сӕрибарӕй дзурын. 13 Ӕмӕ мах, Моисей куыд кодта, афтӕ нӕ кӕнӕм. Уый-иу йӕ цӕсгом бамбӕрзта+, цӕмӕй Израилы адӕм, сӕфт чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы закъонӕн йӕ кӕрон+ цы уыд, уымӕ ма кастаиккой. 14 Уыдонӕн сӕ зонд ныкъкъуырма+, уымӕн ӕмӕ суанг абоны онг дӕр зӕронд бадзырд*+ куы фӕкӕсынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн вӕййы сӕ зондыл, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр Чырыстийы фӕрцы ис сисӕн+. 15 О, абоны онг дӕр, Моисейы чингуытӕ куы фӕкӕсынц+, уӕд ӕмбӕрзӕн вӕййы сӕ зӕрдӕтыл+. 16 Фӕлӕ се ’ргом Йегъовӕмӕ куы раздахынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн ист ӕрцӕуы+. 17 Йегъовӕ у ӕнӕуынгӕ*+, ӕмӕ Йегъовӕйы+ сыгъдӕг тых+ кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад+. 18 Ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр+ кӕсӕнтау гом цӕсгӕмттӕй ӕвдисӕм Йегъовӕйы кад+ ӕмӕ уый хуызӕн кӕнӕм+, йӕ кад тынгӕй-тынгдӕр зыны+ нӕ мидӕг – раст ахӕмтӕ нӕ аразы ӕнӕуынгӕ Хуыцау* Йегъовӕ+.